Хуссар Ирыстоны сывæллæттæ баулæфдзысты "Артек"-ы

© Sputnik / Юрий Лашов /  Ахизын медиабанкмæ"Артек", Хъырым
Артек, Хъырым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бадзырд къухты бафтыд Цхинвалы уагъд цæуæг Хуссар Ирыстоны парламент æмæ УФ-йы Федерацийы советы æмгуыстады къамисы рабадтыл

ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссарирыстойнаг сывæллæтты къорд баулæфдзæн ацы фæззæг сывæллæтты лагерь "Артек"-ы Хъырымы. Фарстыл уынаффæ цыд Хуссар Ирыстоны парламент æмæ УФ-йы Федерацийы советы æмгуыстады къамисы рабадтыл.

Хуссар Ирыстоны парламенты спикер фембæлд уæрæсейаг сенатортимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны парламенты спикер фембæлд уæрæсейаг сенатортимæ

Фыццаг хатт хуссарирыстойнаг скъоладзаутæ зындгонд курорты уыдысты фарон. Ахæм фадат сын радта Уæрæсейы ахуырады министрад хуссарирыстойнаг коллегæты куырдиатмæ гæсгæ. Уæд фыццаджыдæр æрвыст цыдысты æхууысхъуаг бинонтæй сывæллæттæ, сидзæртæ æмæ иттæг хорз чи ахуыр кæны, уыцы скъоладзаутæ.

"Ӕз уæд мæхæдæг бахатыдтæн УФ-йы ахуырады министрмæ æмæ йæ разыдзинадæй нæ сывæллæттæ фарон баулæфыдысты "Артекы", — загъта къамисы хуссарирыстойнаг хайы сæргълæууæг, æддагон политикæйы фæдыл парламентон комитеты разамонæг Коцты Игорь.

Йæ уæрæсейаг коллегæ, Федерацийы советы æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл комитеты уæнг Сергей Цековы ныхæстæм гæсгæ, УФ-йы ахуырады министрад æвæстиатæй скъуыддзаг кæны ахæм куырдиаттæ.

"Фыццаг хатт уый уыд фарон октябрь-ноябры. Ныфс мæ ис, сывæллæттæ райгондæй кæй баззадысты", — загъта уый.

Уый банысан кодта, сывæллæттæ ацы аз кæй ацæудзысты Хъырыммæ сентябрь-октябры, сывæллæтты улæфты фарст та скъуыддзаг цæудзæн иннæ аз дæр.

Фадзайты Арсен - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фадзайты Арсен бакӕндзӕн Хуссар Ирыстоны исӕнуат

"Хорз уаид, Хуссар Ирыстоны развæлгъау куы бакусиккой æмæ куы саразиккой къордтæ 20-25 адæймаджы скондæй. Махæй домынц ахæм бæрæггæнæнтæ æмæ нын уый фадат ратдзæн оперативонæй скъуыддзаг кæнын улæфт сорганизаци кæныны фарстытæ", — бафтыдта Цеков.

Цхинвалы уагъд цæуы Хуссар Ирыстоны парламент æмæ УФ-йы Федерацийы советы æмгуыстады фæдыл къамисы радон рабадт. Фембæлды хайад райсыны тыххæй хуссарирыстойнаг столицæмæ æрцыд уæрæсейаг парламентарийты делегаци Федерацийы советы æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл комитеты уæнг, æмгуыстады фæдыл къамисы æмсæрдар æмæ йæ уæрæсейаг хайы æмсæрдар Сергей Цековы сæргълæудæй. Делегацийы сконды ма сты Елена Бибикова æмæ Фадзайты Арсен.

Ног хабӕртты лентӕ
0