Лавров: Уæрæсейы ныхмæ АИШ-ы санкцитæ æнæхъусдард нæ баззайдзысты

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæМинистр иностранных дел РФ Сергей Лавров
Министр иностранных дел РФ Сергей Лавров - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Апрелы райдианы АИШ бакодтой ног санкцитæ Уæрæсейы ныхмæ

ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik. Уæрæсейы ныхмæ АИШ санкцитæ Уæрæсе æнæхъусдард нæ ныууадздзæн, фæлæ нæуаг хъуыддаг йæ сæрмæ не ʻсхæсдзæн, фехъусын кодта РИА Новости —йæн йæ интервьюйы рæстæджы УФ ФХМ Серей Лавров.

"Мæн уырны, хи дарын хъæуы æмбæлон уагыл. Мах нæхи æгад кæнæм æнæхъусдард куы ныууадзæм нæ исады байст æмæ нæ дипломатты рарвысты цаутæ. Фæлæ нæуаг митæй мах нæхи нæ фæхудинаг кæндзыстæм. Уый нæ президенты æмвæзад нæу", — загъта Лавров.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр бамбарын кодта, Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Птуин "кæсы дард æмæ уый рæуæг ми никуы руадзы, хъавгæ та уымæ кæнынц".

Министр иностранных дел РФ Сергей Лавров - Sputnik Хуссар Ирыстон
Лавров йæ райгуырæн бон нысан кæны уæлдæфы

"Махæн хъавынц нæ удæнцой фæсурын, стыхсын кæнын, нæ нывæзттæ нын фехалын, кæцытæ мах хъуамæ сæххæст кæнæм нæхимæ. Фæлхатт æй кæнын — махыл куы хъæр кæнынц, уæд мæ зæрдыл æрлæууы: "Юпитер, ды мæсты кæныс, — уый нысан кæны, ды раст нæ дæ", — бафтыдта Лавров.

Апрелы райдианы АИШ бакодтой ног санкцитæ Уæрæсейы ныхмæ. Санкцион номхыгъдмæ бахаудысты къорд уæрæсейаг бизнесмены æмæ сæ дæлбар компанитæ, бæстондæрæй та Олег Дерипаска æмæ йæ дæлбар En+ Group, "Группа ГАЗ", "Базовый элемент" æмæ "Русал", Виктор Вексельберг æмæ йæ компаниты къорд "Ренова", стæй ма Сулейман Керимов, Кирилл Шамалов, "Газпрома" хистæр Алексей Миллер, ВТБ-йы сæрдар Андрей Костин.

Ног хабӕртты лентӕ
0