Санкт-Петербурджы банысан кæндзысты Кучиты Юрийы сæдæазон юбилей

© Sputnik / Макс Альперт /  Ахизын медиабанкмæКапитан атомохода "Ленин" Ю.С.Кучиев
Капитан атомохода Ленин Ю.С.Кучиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арктикæйы легендарон басæттæджы сæдæ азы юбилей Уæрæсейы цæгаттаг столицæйы банысан кæндзысты фидæн азы

ЦХИНВАЛ, 26 апр — Sputnik. Арктикон капитан Кучиты Юрийыл, кæцы фыццаг æрæвæрдта йæ къах Цæгаттаг полюсыл, 2019 азы æххæст кæны 100 азы, ацы датæ банысан кæндзысты Санкт-Петербурджы, хъусын кæны Градус Осетии.

Капитан атомного ледокола Арктика - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кучиты Юрийæн Дзæуджыхъæуы сæвæрдзысты æртæметрон цырт

Санкт-Петербурджы ныридæгæн æвдыст цæуынц Кучиты Юрийæн нывонд фоторавдысттæ, афтæ ма горæты скъолаты ахуыргæнинæгты зæрдыл æрлæууын кæндзысты, цæмæй зындгонд у капитан.

"Арктикон капитан Кучиты Юрий у легендарон ном ихсæттæг флоты, уый у ахæм адæймаг, кæцы къухдариуæгад дæтта æцæг хъæбатырдзинадæн. Кучиты Юрий денджызы цыды историйы фыццаг акодта уæлдон корабль Цæгаттаг полюсмæ æмæ æрæздæхт. Уыцы хъайтардзинад арæзт æрцыд атомон ихсæттæг "Арктикæ"-йыл 1977 азы августы", — банысан кодта иртасæг, "Уырыссаг географион æхсæнад"-ы архайгæ уæнг Сергей Сигачев.

Кучиты Юрий уыд атомон ихсæттæг "Арктикæ"-йы капитан. 1977 азы августы йæ уæлдон нау фыццаг бацыд Цæгаттаг полюсмæ. Ацы балцы тыххæй Кучиты Юрийæн лæвæрд æрцыд Социалистон фæллойы хъайтары ном.

Ног хабӕртты лентӕ
0