ЦХИНВАЛ, 27 апр — Sputnik. Беслæны ипподром, кæцы скуыста ивгъуыд азы 13 азы бастады фæстæ, ауадздзæн дугътæ Стыр Уæлахизы цытæн, хъусын кæны газет "Слово". Мадзалы тыххæй загъта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав йæ æмбырды рæстæджы.
Ӕмбæлон хæслæвæрд райста Рахизфарс районы хистæр.
"Хуыцаубон 13 нымæцы фаронау ауадзут бæхты дугътæ ", — загъта уый.
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг муниципалон баиугæндты хистæртæн бахæс кодта саразын мадзæлттæ бæрæгбоны цытæн, æппæт мемориалтæ æмæ цыртытæ æмбæлон уагмæ æркæнын.
"Ӕрмæст парад саразын нæ хъæуы, фæлæ ма хъæуы саразын æндæр мадзæлттæ дæр, се ʻхсæн "Ӕнæмæлгæ полк". Ацы бонмæ хъуамæ уагмæ æркæнæм СФХ-ы æппæт цыртытæ", — загъта Битарты Вячеслав.
Уый ма бафтыдта, цыртытæм хъусдард кæй хъуамæ уа, цæры районы исчи æви нæ, уымæ æнæкæсгæйæ.