Августы Хуссар Иры ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Путин ӕмӕ Медведевмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг радзырдта, Цхинвал куыд нывӕнды Хӕдбардзинады бон банысан кӕнын

ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik. Хӕдбардзинад банымайыны дӕсӕм афӕдз банысан кӕныны бонмӕ Хуссар Ирыстонмӕ 26 августы фӕхуыдтой Уӕрӕсейы президент Владимир Путины. Уый тыххӕй "Известия"-йӕн интервьюйы радзырдта президент Бибылты Анатолий.
Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг банысан кодта, Цхинвалы ма кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Уӕрӕсейы премьер-министр Дмитрий Медведев ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министр Сергей Шойгумӕ дӕр.

День республики - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ног къамис сорганизаци кӕндзӕн Хуссар Иры юбилейон Банымады бон

"Фӕхуыдтон Уӕрӕсейы президент Владимир Путин ӕмӕ премьер министр Дмитрий Медведевы, кӕцы 2008 азы ӕрфыста Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымайыны барамынд. Æнӕдызӕрдыгӕй фӕхондзыстӕм Хъахъхъӕнынады министр Сергей Шойгуйы, кӕцы 2008 уыдис Уӕрӕсейы УУМ сӕргълӕууӕг — ацы министрад бахъахъхъӕдта Ирыстоны гуманитарон катастрофӕйӕ", — банысан кодта президент.

Юбилейон датӕ нысан кӕнынмӕ ма фӕхуыдтой ӕфсымӕрон бӕстӕты минӕвӕртты — се ‘хсӕн Абхазы ӕндӕр бӕстӕты сӕргълӕууджыты, кӕцытӕ ахъазыдысты Хуссар Ирыстоны историйы нысаниуӕгджын роль, бафтыдта бӕстӕйы сӕргълӕууӕг.

Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымадта Уӕрӕсе, Никарагуа, Венесуэла ӕмӕ ма цалдӕр бӕстӕйы Сабыр фурдӕй. Ацы тӕккӕ цӕуы лӕмбынӕг куыст, цӕмӕй ӕндӕр бӕстӕтӕ дӕр банымайой Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад, бахахх кодта Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0