Хуссар Иры хуыздæр ахуырдзаутæн радтой Цыбырты Маринайы номыл стипендитæ

© Sputnik / РИА НовостиМарина Чибирова
Марина Чибирова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Стипендийы аккагыл банымадтой æхсæнадæмон конкурсты æмæ республикон предметон олимпиадæты уæлахиздзау, Гимнази "Альбион"-ы ахуырдзау Кокойты Дианайы æмæ Зары скъолайы хуыздæр ахуырдзау Цхуырбаты Алисайы

ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны дыууæ аккагдæр скъоладзауы райстой ахуырады раздæры министр, дзæнæттаг Цыбырты Маринайы номыл стипендитæ. Стипендийы хицау 2018 азы баисты Зары скъолайы ахуырдзау Цхуырбаты Алиса æмæ Гимнази "Альбион"-ы скъоладзау Кокойты Диана, фехъусын кодтой Sputnik ахуырады министрады.

© Кокойты Дианайы архивæй къамЦыбырты Маринæйы номыл премийы хицау Кокойты Диана
Цыбырты Маринæйы номыл премийы хицау Кокойты Диана - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цыбырты Маринæйы номыл премийы хицау Кокойты Диана

Премитæ радта Цæгат Ирыстон — Аланийы бастдзинад æмæ информацион технологиты комитеты сæргълæууæг Сæлбиты Алан.

"Стипенди фæзынд бинонты фæндмæ гæсгæ, æрвылаз уый лæвæрд цæудзæн Зары скъолайы хуыздæр ахуырдзауæн, кæцы хæссы Цыбырты Маринайы ном. Йæ номыл дыккаг преми та лæвæрд цæудзæн æппæт скъолаты ʻхсæн аккагдæрæн", — загътой министрады.

Зарской школе присвоено имя Марины Чибировой - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зары скъолайæн радтой Цыбырты Маринайы ном

Хуссар Ирыстоны фыццаг президенты чызг Цыбырты Марина йæ цардæй ахицæн фарон 46 азы кары. Уый бирæ рæстæг фæкуыста Хуссар Ирыстоны ахуырады къабазы.

2012 — 2015 æзты куыста ахуырады министрæй. Лæвæрд ын æрцыд Хуссар Ирыстоны Уæлдæр скъолайы сгуыхт кусæджы ном. Зонадон архайды дæргъвæтин æзты мидæг Цыбырты Марина бахаста стыр хайбавæрд квалификацигонд кадртæ цæттæ кæныны хъуыддагмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0