Банымады юбилей: Эльбрусыл ӕрсадздзысты Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы тырысатӕ

© AP Photo / Dmitry LovetskyЭльбрусы хох
Эльбрусы хох - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕрдмӕцыды хайадисджытӕ радзырдтой Хуссар Ирыстоны президентӕн сӕ хъуыдыйы тыххӕй ӕмӕ сӕ нывӕнд сыххӕст кӕныны тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik. Хуссар ӕмӕ Цӕгат Иры альпинисттӕ схиздзысты Эльбрусы бӕрзӕндмӕ ӕмӕ дзы ӕрсадздзысты ирон ӕмӕ уырыссаг тырысатӕ. Акци уагъд ӕрцӕудзӕн 7-9 майы ӕмӕ у нывонд Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайыны боныл 10 азы сӕххӕстӕн. Ацы хабары тыххӕй альпинисттӕ радзырдтой Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолиимӕ фембӕлды, хъусын кӕны йӕ пресс-службӕ.

Бурсамдзелмæ схызт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Банымады 9 азмæ: Хуссар Иры альпинисттæ æрсагътой Бурсамдзелы бæрзæндыл тырыса

Хуссар Ирыстоны тыхон структурӕты кусджытӕ сараздзысты хӕрдмӕцыд фӕлтӕрд альпинистимӕ — Цӕгат Ирыстоны Альпинизмы федерацийы сӕргълӕууӕг Хӕмыцаты Маратимӕ.

Акцийы хайадисджытӕй иу —Хуссар Ирыстоны МХМ кусӕг Багаты Марат — радзырдта президентӕн, къорды ӕртӕ хайадисӕджы 1 майы кӕй ацӕудзысты Эльбрусы рӕбынмӕ альпинистон лагермӕ, цӕмӕй бацӕттӕ кӕной сӕхи хӕрдмӕцыдмӕ ӕмӕ рацӕуой акклиматизаци.

"Уыцы рӕстӕджы альпинистон лагеры, цыран уыдзӕн 300 альпинисты, уагъд цӕудзӕн алыгъуызон мадзӕлттӕ ӕмӕ ерыстӕ, мах дӕр сӕ райсдзыстӕм хайад. 7- 9ӕм майы та боныгъӕды уавӕртӕм гӕсгӕ, мах сӕххӕст кӕндзыстӕм хӕрдмӕцыд Эльбрусы ӕппӕты бӕрзӕндмӕ, кӕцы у 5642 метры денджызы ӕмвӕзадӕй", — загъта Багаты Марат.

Паддзахады сӕргълӕууӕг загъта зӕрдиаг ныхӕстӕ альпинисттӕн ӕмӕ банысан кодта, зын фӕндаг сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Афтӕ ма сын радта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы тырысатӕ, кӕцытӕ хӕрдмӕцыды хайадисджытӕ хъуамӕ ныссадздзой Эльбрусы бӕрзӕндыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0