Хуссар Иры нӕлгоймаг амардта йӕ 90-аздзыд сыхаджы

Рафыссын
Ӕвзонг лӕг басаст йӕ фыдракӕндыл, барадхъахъхъӕнӕг органтӕ йӕ куы ӕрцахстой, уӕд

ЦХИНВАЛ, 3 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы, хъӕу Дӕллаг Болы йӕ хӕдзары кӕрты амардтой 90-аздзыд сылгоймаджы, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Пистолет Макарова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы цæрæг амардта нæлгоймаджы æмæ йын фæцæф кодта йæ фырты

Уагдонмӕ ӕрбацыд информаци, зӕгъгӕ, йӕ хӕдзары кӕрты ссардтой сылгоймаджы фыдмарды нысӕнттимӕ. Фыдракӕнды бынатмӕ уайтагъд ацыдысты  мидхъуыддӕгты районон управленийы оперативон къорд, афтӕ ма Генералон  ӕмӕ Ленингоры прокуратурӕты фӕдагурджытӕ.

"Оперативон-сгарӕн мадзӕлтты фӕстиуӕгӕн барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ сбӕлвырд кодтой ӕмӕ ӕрцахстой зӕрдӕхсайгӕ адӕймаджы, кӕцы разындис Дӕллаг Болы 22-аздзыд цӕрӕг", — радзырдта министрады минӕвар.

Лӕппу басастис йӕ фыдракӕндыл, цауы фӕдыл басгӕрст уадзынц Ленингоры районы МХМ ӕмӕ прокуратурӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0