Ирыстойнаг дзюдоисттӕ ссисты Европӕйы кубокы призертӕ

Рафыссын
Ерысты хайад райстой 300 спортсменӕй фылдӕр 16 бӕстӕйӕ Европӕ ӕмӕ Азийӕ

ЦХИНВАЛ, 15 май — Sputnik. Ирон дзюдоисттӕ рамбылдтой дыууӕ ӕвзист ӕмӕ дыууӕ бронзӕ майданы Европӕйы кубокы Оренбурджы, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрад.

Дзюдоисткæтæ тохы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзюдо Цхинвалы: чызджытæ тохы

Оренбурджы турнирмӕ ӕрцыдысты дзюдоисттӕ Австрийӕ, Азербайджанӕй, Сомихӕй, Беларусӕй, Стыр Британийӕ, Германийӕ, Иранӕй, Казахстанӕй, Киргизийӕ, Молдовайӕ, Таджикистанӕй, Узбекистанӕй, Финляндийӕ, Францийӕ ӕмӕ Чехийӕ.

Ӕвзист майданты хицӕуттӕ ссисты Мӕргъиты Ибрагим (100 килограмм) ӕмӕ Джиоты Аслан (+100 килограмм). Ӕртыккаг къӕпхӕнмӕ схызтысты Калаты Алим (81 килограмм) ӕмӕ Тасойты Инал (+100 килограмм).

Ерыстӕ цыдысты 12-13 майы ӕмӕ уыдысты фӕсивӕдон командӕйы цӕттӕгӕнӕн этаптӕй иу, Европӕйы ерыстӕм ӕвзӕрст, кӕцы ацы аз уагъд цӕудзӕн венгриаг горӕт Дьеры ноябры райдайӕны. Европӕйы кубокы хайад кӕй райстой, уый радта бар спортсментӕн Европӕйы чемпионат ӕмӕ ӕндӕр турниртӕм ахизынӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0