Юбилейтæ згъæрæхцайы: Национ банк рауагъта æхсæз монетæйы

Рафыссын
Æвзист монетæты сæнусон кодтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтартæ – Плиты Иссæ, Мамсыраты Хадзы-Умар æмæ Хетæгкаты Георгийы, афтæ ма Ручъы тоннелы автор Гаглойты Рутены æмæ æвзагзонæг Всеволод Миллеры нæмттæ

ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Национ банк рауагъта æхсæз ног æвзист монетæйы, фехъусын кодта Sputnik банчы сæргълæууæг Зассеты Феликс.

Зæрдылдарæн згъæрæхцатæй æртæйыл ис Советон цæдисы хъайтартæ Плиты Иссæ, Мамсыраты Хадзы-Умар æмæ Хетæгкаты Георгийы хуызисттæ — 2018 азы æртæйы райгуырдыл дæр æххæст кæны 115 азы.

"Советон цæдисы хъайтарты 115 азы юбилеймæ сæ хуызисттимæ фæзындзæн згъæрæхцатæ. Ноджы ма иу æвзист монетæ рацæудзæн Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы 'рдыгæй банымайыныл 10 азы сæххæсты цытæн", — загъта банчы сæрдар.

Зассеты Феликс ма банысан кодта, аннæ дыууæ монетæйыл та кæй сæнусон кæндзысты зынгӕ ирыстойнаг ӕхсæнадон архайæг, инженер, публицист, Ручъы тоннелы проекты автор Гаглойты Рутены ном — уый рагуырдыл ацы аз сæххæст ис 130 азы, афтæ ма ахуыргонд-фольклорист, этнограф, æвзагзонæг, археолог, Ирон-уырыссаг-немцаг дзырдуаты саразæг Всеволод Миллеры. Уый райгуырдыл та сæххæст 170 азы.

Рукъ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гаглойты Рутены æхгæд музей

Згъæрæхца уæй кæнын райдайдзысты мæйы кæрон.

Æдæппæтæй Хуссар Ирыстоны Национ банк рауагъта 12 æндæр æмæ æндæр хуызты згъæрæхцайы. Се 'хсæн Хӕтӕгкаты Къостайы, Абайты Уасойы юбилейтӕм, республикӕйыл 25 азы сӕххӕсты бонмӕ. Афтæ ма банк рауагъта зӕрдылдарӕн згъӕрӕхцатӕ республикӕйы аргъуантӕй цалдӕры къамтимæ.

Мамсыраты Хадзы-Умар (1903-1968) иста хайад Испаны Ӕмбӕстагон хӕсты, афтӕ ма советон-финнаг хӕсты ӕмӕ Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕстыты. Лӕвӕрд ын ӕрцыд Советон Цӕдисы Хъайтары ном.

Плиты Иссӕ — ӕфсады инӕлар, Советон Цӕдисы дыууӕ хатты Хъайтар, Монголы адӕмон республикӕйы хъайтар. Стыр фыдыбӕстӕйон хӕсты рӕстӕджы номджын инӕлары кой 16 хатты цыд ССР Цӕдисы Уӕлдӕр командӕгӕнӕг Иосиф Сталины бардзырдты.

Сыгъдæг Георгийы хуызистимæ згъæрæхца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фæзындысты зæрдылдарæн згъæрæхцатæ аргъуанты хуызистытимæ

Сӕ нӕмттӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты Цхинвалы уынгтӕн.

Хетӕгкаты Георгий — советон ӕфсӕдты хистӕр, ӕфсады инӕлар, Советон Цӕдисы Хъайтар. Дзӕуджыхъӕуы уынгтӕй иу хӕссы йӕ ном, ӕвӕрд дзы ис мемориалон фӕйнӕг.

Гаглойты Рутен сарæзта Хуссар Иры рельефон картæ, рауадзын кодта Цхинвалмæ дон, фыста æмдзæвгæтæ, фæлæ сæйраджыдæр адæмы хъуыдыйы баззад куыд Ирыстоны дыууæ хайы хсæн фæндагаразæг. Хистæр кары адæмæй бирæтæ Ручъы тоннель ныр дæр хонынц Рутены тоннель. Инженер 1937 азы 19 июлы ʻрцыд репрессигонд, йæ архайд та бирæ æзты дæргъы уыд рох.

Зындгонд ахуыргонд фольклорист, этнограф, æвзагзонæг, Всеволод Миллерæн йæ архайды стырдæр хай нывонд уыд ирон зонадæн. 1879, 1880, 1881, 1883, 1886 æзты уый сарæзта экспедицитæ Ирыстонмæ, уый фæстиуæгæн ын рацыдысты "Ирон этюдтæ" æртæ хаййæ. Ацы куысты бындурыл уый бахъахъхъæдта докторы къæпхæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0