Хъӕууон хӕдзарады министрӕн баурӕдтой ног хӕдивӕджы

© Sputnik / Алексей КовалевЗдание правительства
Здание правительства - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртыццӕджы хицауад хорзыл банымадта ӕрбавдыстгонд кандидатурӕты

ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъӕууон хӕдзарады министры хӕдивӕгӕй баурӕдтой Джиоты Эдуарды. Уынаффӕ рахастӕуыд хицауады ӕмбырдыл, кӕцы ӕртыццӕджы ауагъта йӕ сӕргълӕууӕг Пухаты Эрик.

"Хуссар Ирыстоны хъӕууон хӕдзарады министры хӕдивӕгӕй баурӕдтой Джиоты Эдуарды, кӕцыйӕн ис экономикон ахуырад, афтӕ ма йын ис кондад ӕмӕ мидхъуыддӕгты органты куысты фӕлтӕрддзинад", — фехъусын кодтой хицауады пресс-службӕйы.

Хицауады кусджытӕ ма ӕрдзырдтой дыууӕ кадрон фарстыл дӕр — автомобилон фӕндӕгты арызтад ӕмӕ эксплуатацийы комитеты сӕргълӕууӕджы дыууӕ хӕдивӕджы кандидатурӕтыл.

РХИ хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны ног цæстдардон ведомствæйы снысан кодтой хæдивджыты

"Комитеты сӕргълӕууӕг Гуызыттаты Эдуарды разӕвӕрдмӕ гӕсгӕ йын йӕ хӕдивджытӕй баурӕдтой Гӕбӕраты Мурат Василийы фырты, кӕцыйӕн ис профилон ахуырад ӕмӕ ӕхсӕзаздзыд фӕлтӕрддзинад ацы бынаты хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй кусынӕй, ӕмӕ Сиукаты Олег Лавренты фырты, уымӕн ис юридикон ахуырад, раздӕр куыста парламенты спикеры ӕххуысгӕнӕгӕй", — банысан кодтой пресс-службӕйы.

Хицауады ӕмбырдыл ма байхъуыстой бюджеты сӕххӕсты хыгъдлӕвӕрдмӕ ӕмӕ ӕрдзырдтой газ ӕмӕ рухсы хӕстӕ бафидыны тыххӕй дӕр, кӕцытӕ ӕртымбыл сты паддзахадон организациты.

Ног хабӕртты лентӕ
0