ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры кæронмæ фæхæццæ кæны комеди "Бирæгътæ"-йыл куыст. Ног спектакль театруарзджытæн сфæлдыстадон къорд фæнд кæны бавдисын ног мæйы райдианы, фехъусын кодта Sputnik Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист, æвæрæг-режиссер Тъехты Василий.
Дыццæджы ацыд спектаклы стыр репетицитæй иу, актертæ нырма архайынц сæ текстты гæххæттытимæ, фæлæ бахызтысты сæ фæлгонцты. Комеди хъуамæ рацæуа бакастджын – архайы дзы иу адæмон æмæ цыппар сгуыхт артисты.
Комеди æвæрд цæуы Гуыцмæзты Михаилы пьесæмæ гæсгæ. Ӕртæ æфсымæры — Козаты Ромик, Хугаты Дзамболат æмæ Гобозты Иналы æххæстæй сæ рынчын зæронд фыды (Хаситы Вильгельм) раппар-баппар кæнынц. Зæнæг æмæ ныййарæджы мæгуырау ахастытыл ис чындзыты æппæрццаг æндæвдад дæр, уыдон фæлгонцты та ралæууыдысты Дыгъуызты Жанна æмæ Натия Чохели.
"Хорз цардуагон пьесæ у. Сюжеты центры ис ныййарджыты æмæ зæнæджы ʻхсæн проблемæтæ. Комеди кæсджыты хъусдард здахы æхсæнады æппæрццаг фæзындтæм, науæд та фæцудгæ æгъдæуттæм, зæгъæм, зианы æгъдау абон цы хуыз райста, уыдæттæм", — радзырдта Тъехты Василий.
Уый ма бафтыдта, премьерæ кæй фæнд кæнынц ног мæйы райдайæны равдисын. Æмткæй та спектаклы архайынц 9 актеры.
Тъехты Василийæн "Бирæгътæ" суыдзæн йæ фæндзæм спектакль, уымæй размæ ма паддзахадон театры сценæйыл сæвæрдта "Файнустытæ", "Тугæйдзаг чындзæхсæв" æмæ æндæртæ.