ЦХИНВАЛ, 17 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр ӕмӕ профессионалон ахуырадон уагдӕтты студенттӕ 1 сентябрӕй фӕстӕмӕ исдзысты президентон стипендитӕ. Уый фӕдыл ӕмбӕлон бардзырд бафыста республикӕйы президент Бибылты Анатолий, фехъусын кодта цыппӕрӕмы паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Президентон стипенди райсыны бар уыдзӕн боны хайады студенттӕн, кӕцытӕ ӕвдисынц иттӕг хорз ӕнтыстдзинӕдтӕ ахуыры ӕмӕ зонадон куысты, куыд ӕнӕхъӕн ахуырадон курсы, афтӕ ма хицӕн дисциплинӕты, банысан кодтой бадзырды.
Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттӕн фиддзысты 14 стипенди, авд мин сомы алы мӕй дӕр. Сӕрмагондӕй, ӕртӕ стипенди райсдзысты ирон филологи ӕмӕ райдайӕн ахуырады педагогикӕйы факультеты студенттӕ, уыййас ма райсдзысты уырыссаг филологи, журналистикӕ ӕмӕ фӕсарӕйнаг ӕвзӕгты факультетты студенттӕ дӕр.
Цхинвалы бирӕпрофилон колледжы иууыл хуыздӕр студенттӕ дӕр райсдзысты президентон стипендитӕ, ӕртӕ мин сомы алы мӕй дӕр.
Ноджы ма Цхинвалы медицинон ахуыргӕнӕндоны студенттӕ дӕр райсдзысты дыууӕ президентон стипенди, ӕртӕ мин сомы алы мӕй дӕр.
Афтӕ ма Цхинвалы музыкалон ахуыргӕнӕндоны студенттӕ дӕр райсдзысты дыууӕ президентон стипендийы, ӕртӕ мин сомы алы мӕй дӕр.
Бардзырды банысан кодтой, президентон стипендитӕ кӕй уыдзысты Хуссар Ирыстоны курдиатджын фӕсивӕдӕн разӕнгардгӕнӕн фадат.