ЦХИНВАЛ, 17 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ ауагътой рейдтӕ Цхинвалы базарадон объектты табугонд буарадтӕ рафӕлгъауыны нысанӕн. Басгӕрсты фӕстиуӕгӕн дуканитӕй иуы ссардтой ӕмӕ байстой энергетикон нозт "Flash Energy", хъусын кӕны барадхъахъхъӕнӕн уагдоны пресс-службӕ.
Хуссар Ирыстоны энергетикты реализацийыл табу ӕвӕрд ӕрцыд 2012 азы.
Рейдтӕ уагътой МХМ криминалон милицийы экономикон фыдракӕндты фӕткдаруаты кусджытӕ.
Ӕнӕлегалон нозт реализаци кӕныны фӕдыл бакондӕуыд административон фӕдӕвзарӕн.