"Стыр Ныхас" сиды кувæндæттæм карз нозт хæссыныл тобæ сæвæрын

© Sputnik / Фатима ПлиеваИры Стыр Ныхас
Иры Стыр Ныхас - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Стыр Ныхасы" уæнгтæ банысан кодтой, æппæт фыдуынд фæзындтæн дæр сæ сæйраг аххосаг кæй у карз нозт

ЦХИНВАЛ, 17 май — Sputnik. Æппæтирон змæлд "Стыр Ныхас" сиды адæммæ, цæмæй Дзуæртты бын сæхи æгъдаумæ гæсгæ дaрой æмæ ма хæссой уырдæм карз нозт. Хъусинаг мыхуыр æрцыд "15 регион"–ыл.

Сæ хъусинагы нысан цæуы, зæгъгæ, æнусты дæргъы ирон адæмы фыдæлтæ цыдысты сæ рухс кувæндæттæм æртæ кæрдзынимæ, сæхи фæдзæхстой Хуыцау æмæ йе 'сконд зæдтыл.

Сыгъдæг бынæттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сыгъдæг бынæттæ: фæсивæд æфснайынц Хуссар Иры стырдæр кувæндæттæ

"Абон та нæ бæрæгбæтты стæм ссисты фæсивæды ерыстæ, ирон хъазт, фæлæ дзы уыимæ арæх фехъусæн ис æнæуаг, хъæр ныхас, фенæн — æнæгъдау митæ. Мах фидарæй зæгъæм, уыцы фыдуынд фæзындтæн сæ сæйраг аххосаг кæй у карз нозт. Нæ фыдæлтæ Дзуары бынмæ хастой ирон бæгæны, кæнæ хорæй конд къуымæл, арахъхъæй сæхи никуы фæдзæхстой. Уыдон сты хæйрæджыты æрхъуыдыгонд, æмæ нæ аив рæсугъд бæрæгбæттæ дæр баисты уыдоны фæндиаг", — дзырдæуы хъусинаджы.

"Стыр Ныхасы" уæнгтæ ма банысан кодтой, Ирыстоны фæсивæд сæм кæй æрсидтысты кувæндæттæм карз нозт хæссыныл тобæ сæвæрыны фарст аскъуыддзаг кæнын.

"Нæ куырыхон хистæртæ æмæ Дзуарæн лæггадгæнæг лæгтæ! Мах, Ирыстоны фæсивæд, курæм, цæмæй баунаффæ кæнат кувæндæттæм карз нозт мауал хæссын æмæ мауал уадзыны фæдыл. Фæсивæд! Æрлæууæм нæ фарнхæссæг хистæрты раз, баххуыс кæнæм нæ фыдæлты Фарн æмæ Æгъдау фæстæмæ сфидар кæнынæн. Иумæ бакусæм, цæмæй нæ рухс кувæндæттæм карз нозт мачиуал хæсса", — нысан цæуы сидты.

Ног хабӕртты лентӕ
0