Цхинвалы уагъд ӕрцӕудзӕн ӕхсӕнадӕмон турнир ленк кӕнынӕй

© Sputnik / Софа ИсаакянЧемпионат ленк кӕнынӕй, Хуссар Ирыстон
Чемпионат ленк кӕнынӕй, Хуссар Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты хайадисджыты ӕхсӕн сты спортсментӕ Хуссар Ирыстон, Уӕрӕсе, Абхаз ӕмӕ Донбассаг республикӕтӕй

ЦХИНВАЛ, 23 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны 28-29 майы ацӕудзӕн Фыццаг ӕхсӕнадӕмон турнир ленк кӕнынӕй, ерысты уӕлахиздзаутӕ райсдзысты зынаргъ призтӕ республикӕйы президентӕй. Уый тыххӕй фехъусын кодта фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ.

Евгения Терлеева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тренер: Хуссар Ирыстоны ис алы уавæртæ дæр ленк кæныны райрæзтæн

Спортивон мадзал арӕзт цӕуы ленк кӕныны федераци ӕмӕ фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты хъӕппӕрисӕй, афтӕ ма  президенты администрацийы ӕххуыссӕй.

Ерыстӕ уагъд цӕудзысты 2000-2003 ӕмӕ 2004-2006 ӕзты гуырд лӕппутӕ ӕмӕ чызджыты хсӕн. Программӕйы сты ленк 50, 100 ӕмӕ 200 метрмӕ баттерфляй, брасс ӕмӕ фӕсонтыл, афтӕ ма сӕрибар ӕмӕ комплексон ленк дӕр.

Турниры сӕйраг тӕрхонгӕнӕг уыдзӕн тренер Евгения Терлеева.

Турниры уӕлахиздзауты ӕмӕ призерты схорзӕхджын кӕндзысты призтӕй, майдантӕй ӕмӕ грамотӕтӕй. Ерыстӕ уагъд цӕудзысты спорты галуан "Олимп"-ы.

Ног хабӕртты лентӕ
0