ЦХИНВАЛ, 23 май — Sputnik. Ӕхсӕнадӕмон сырх дзуары комитеты мисси Хуссар Ирыстоны хорз ӕххӕст кӕны йӕ хӕстӕ, радзырдта республикӕйы хицауады сӕрдар Пухаты Эрик миссийы ног сӕргълӕууӕг Ашот Астабастьян ӕмӕ йӕ развӕдгӕнӕг Фаррух Исломовимӕ фембӕлды рӕстӕджы, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.
"Мӕн фӕнды дӕуӕн зӕгъын бузныг дӕ куысты тыххӕй нӕ республикӕйы. Сырх Дзуар Хуссар Ирыстоны ӕххӕст кӕны хӕстӕ, кӕцытӕ йын йӕ разы ӕрӕвӕры республикӕйы къухдариуӕгад. Мӕн фӕнды, цӕмӕй самах дарддӕр дӕр афтӕ хорз кусат. Уӕ гуманитарон ӕххуыс арӕзт цӕуы адӕмы хӕрзӕбонӕн", — загъта Пухаты.
Миссийы ног сӕргълӕууӕг ныфс бавӕрдта премьер-министрӕн, йӕ развӕдгӕнӕджы куысты ӕмвӕзад кӕй нӕ фӕныллӕг кӕндзӕн.
"Ацы организацийы ӕз кусын ныридӕгӕн 15 азӕй фылдӕр. Куыстон алыгъуызон бӕстӕты. Фӕстаг дыууӕ аз куыстон Ташкенты ӕмӕ уыдтӕн барадон департаменты информацион политикӕйы регионалон координатор. Уый фӕстӕ мӕн ракодтой ардӕм ӕмӕ уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕз сараздзӕн мӕ тыхты цы ис, уый, цӕмӕй мӕ развӕдгӕнӕджы куысты стыр ӕмвӕзадыл хӕцон", — бахахх кодта миссийы ног сӕргълӕууӕг.
Сырх Дзуары Ӕхсӕнадӕмон комитеты мисси уӕвы Хуссар Ирыстоны 2008 азы августӕй фӕстӕмӕ. Уый сарӕзтӕуыд "Фондзбонон хӕсты" фӕстӕ.