Хуссар Иры президенты ӕххуысгӕнӕг: банымады юбилеймӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм Путинмӕ

© Sputnik / Ада Багиан7 лет признания Южной Осетии
7 лет признания Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гӕззаты Давид радзырдта, Хуссар Ирыстоны куыд нысан кӕндзысты хӕдбардзинады банымадыл дӕс азы сӕххӕст

ЦХИНВАЛ, 24 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайыны юбилеймӕ 26 августы фӕхуыдтой Уӕрӕсейы президент Владимир Путин, премьер-министр Дмитрий Медведев ӕмӕ хъахъхъӕнынады министр Сергей Шойгуйы. Уый тыххӕй Sputnik интервьюйы радзырдта Хуссар Ирыстоны президенты ӕххуысгӕнӕг Гӕззаты Давид.

День республики - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ног къамис сорганизаци кӕндзӕн Хуссар Иры юбилейон Банымады бон

"Бӕрӕгбон нысан кӕндзыстӕм уӕлдай авнӕлдимӕ. Централон стадионы уагъд ӕрцӕудзӕн стыр цау — Аланты паддзахады историон реконструкци, Стыр Аланийӕ райдайгӕйӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайыны онг", — загъта Гӕззаты Давид.

Театралон равдыстты, кӕцытӕ уагъд ӕрцӕудзысты Цхинвалы централон стадионы, хайад райсдзысты иу ӕмӕ ӕрдӕг мин адӕймаджы, сӕйраджыдӕр, Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны сфӕлдыстадон коллективтӕ. Афтӕ ма бӕрӕгбонон мадзӕлттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц уазджытӕм ирон диаспорӕтӕй ӕмӕ политикон архайджытӕм.

"Бибылты Анатолийы фӕхуындмӕ гӕсгӕ, мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм президент Владимир Путин, премьер-министр Дмитрий Медведев ӕмӕ хъахъхъӕнынады министр Сергей Шойгуйы ӕрцыдмӕ", — банысан кодта Гӕззаты Давид.

РХИ Банымады бон нысан цӕуы 26 августы — уыцы бон 2008 азы Уӕрӕсейы Федераци банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад. Уӕрӕсейы фӕстӕ ма республикӕйысуверенитет банысан кодтой Никарагуа, Венесуэла ӕмӕ цалдӕр сабырфурдон сакъадахон бӕстӕйы. 

Ног хабӕртты лентӕ
0