Мамсыраты Хадзы-Умары фӕдон сисдзӕн киноныв йӕ хъайтар дадайы тыххӕй

© instagram/imargaritaМамсыраты Хаджи-Умары фӕдон режиссер Маргарита Эрнандес
Мамсыраты Хаджи-Умары фӕдон режиссер Маргарита Эрнандес - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Легендарон инӕрал-булкъоны царды тыххӕй аивадон кинонывы бындурыл ӕвӕрд уыдзысты йӕ хиуӕтты мысинӕгтӕ

ЦХИНВАЛ, 30 май — Sputnik. Советон Цӕдисы Хъайтар Мамсыраты Хадзы-Умары фӕдон, режиссер Маргарита Эрнандес нывӕнды сисын аивадон киноныв йӕ кадджын дадайы тыххӕй, хъусын кӕны газет "Слово". Эрнандес нысан кӕны, ӕвзонг адӕм фылдӕр кӕй хъуамӕ зоной ӕцӕг адӕмы историты тыххӕй.

Аэропорт Дзӕуджыхъӕуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Ирмӕ ӕрцыд Мамсыраты Хадзы-Умары хъӕбулы хъӕбул

"Мӕн фӕнды исын документалон нӕйы, фӕлӕ аивадон киноныв, уый тыххӕй ӕмӕ мӕ бон нал у кӕсын уыцы хъайтартӕм, кӕцыты хуызӕн ӕз никуы суыдзӕн. Ӕз хъуыды кӕнын, цӕвиттон кӕй хъӕуы исын хъайтартӕй, кӕцытӕ ӕцӕг цардысты, ӕмӕ цӕмӕй нӕ фӕсивӕд фӕзма ахӕм адӕмы", — загъта Эрнандес.

Чызг ӕрцыд йӕ ныййарджытӕ ӕмӕ дыууӕ ӕфсымӕримӕ Цӕгат Ирыстонмӕ, цӕмӕй хайад райса уацмысты конкурсы лауреатты хӕрзӕхкӕныны церемонийы, кӕцы у нывонд Мамсыраты Хадзы-Умарыл 115 азы сӕххӕстӕн.

Эрнандес тымбыл кӕны йӕ кинонывӕн ӕрмӕг, фыссы алыгъуызон адӕмы историтӕ ӕмӕ радзырдтӕ Мамсыраты Хадзы-Умары тыххӕй. Фӕлӕ йын сӕйраг ӕрмӕг дӕтты йӕ мады мад Ася, Хадзы-Умары чызг.

Мамсыраты Хадзы-Умар (1903 — 1968) хайад иста Испаны æмбæстагон хæсты, афтæ ма советон-финнаг æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæстыты. Лæвæрд ын æрцыд Советон Цæдисы хъайтары ном. Испаны Мамсырайы фырты зоныц "булкъон Ксанти"-йæ, йӕ цардвӕндаг ӕмӕ хъӕбатырдзинӕдты бындурыл фыст ӕрцыд Эрнест Хемингуэйы уацмыс "По ком звонит колокол"-ы сӕйраг хъайтары фӕлгонц.

Ног хабӕртты лентӕ
0