ЦХИНВАЛ, 6 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик райста Луганскаг Адӕмон Республикӕйы делегацийы, хъусын кӕны РХИ хицауады пресс-службӕ. Делегацийы сконды республикӕмӕ ӕрцыд ЛАР экономикон райрӕзты министр Елена Костенко, йӕ хӕдивӕг Светлана Подлипаева, афтӕ ма ЛАР базарадон-сӕудӕджерадон палатӕйы президент Анатолий Чех.
Фембӕлды ма хайад иста РХИ экономикон райрӕзты министр Кокойты Геннадий, йӕ хӕдивӕг Козаты Роин ӕмӕ базарадон-сӕудӕджерадон палатӕйы президент Ӕлборты Алан дӕр.
Фембӕлды рӕстӕджы фарсытӕ ӕрдзырдтой дыууӕ республикӕйы хсӕн базарадон бастдзинӕдтӕ ӕмӕ экономикон ӕмгуыстады фадатыл.
Пухаты Эрик банысан кодта дыууӕ бӕстӕйы райрӕзты историйы ӕмхуызондзинад.
"Махӕн тынг ӕхсызгон у уынын Хуссар Ирыстоны зӕххыл уазджыты Луганскаг Адӕмон Республикӕйӕ, кӕцыимӕ махӕн ис ӕмхуызон историтӕ. Ӕргом зӕрдӕйӕ аргъ кӕнӕм нӕ ӕмгардзинадӕн ӕмӕ сараздзыстӕм алцыдӕр, цӕмӕй нӕ бастдзинӕдтӕ сфидар кӕнӕм", — банысан кодта хицауады сӕргълӕууӕг.
Елена Костенко та радзырдта ЛАР-ы экономикон потенциал ӕмӕ Хуссар Ирыстонимӕ ӕмгуыстады тыххӕй.
"Луганскы Адӕмон Республикӕйы сӕудӕджерадӕн ис хорз райрӕзт, афтӕ ма мах кусӕм ног технологитимӕ дӕр. Не 'мгуыстады фыццаг этапыл мах хъуамӕ бацӕттӕ кӕнӕм бындур, цӕмӕй бафыссӕм бадзырдтӕ нӕ дарддӕры ӕмгуыстады фӕдыл", — банысан кодта экономикон райрӕзты министр.
Афтӕ ма рабадты радзырдтой, 6 июны цы бадзырд хъуамӕ бафыссой РХИ ӕмӕ ЛАР базарадон-сӕудӕджерадон палатӕты хсӕн, уый тыххӕй. Банысан чындӕуыд, уый кӕй бакӕндзӕн ног фадаттӕ экономикон ӕмгуыстад, базайрӕгты ӕмӕ технологиты здӕхтӕн дыууӕ бӕстӕйы хсӕн.