Дывæр адæмонтæ: Хуссар Иры дыууæ актерæн радтой РЦИ адæмон артистты нæмттæ

© Sputnik / Facebook Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисттæ Хаситы Вильгельм
Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисттæ Хаситы Вильгельм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны аивады фадыджы иууыл бæрзонддæр ном – "адæмон артист"-æй рахицæн кодтой Хаситы Вильгельм æмæ Уанеты Ӕхсары

ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры адæмон артисттæ Хаситы Вильгельм æмæ Уанеты Ӕхсарæн лæвæрд æрцыдысты Цæгат Ирыстоны адæмон артистты нæмттæ. Бæрзонд паддзахадон хорзæхтæ Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславы номæй радта президент Бибылты Анатолий комедийон спектакль "Бирæгътæ"-йы премьерæйы рæстæджы Цхинвалы.

РХИ адӕмон артист Уанеты Ӕхсар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Театрӕй парламентмӕ: Уанеты Ӕхсар ссис Хуссар Ирыстоны депутат

Уанеты Ӕхсар æмæ Хаситы Вильгельм сты театры сценæйы ирддæр стъалытæ, сæ сгуыхтдзинæдтæ хынцгæйæ уыдон хицæн æзты хорзæхджын æрцыдысты Хуссар Иры адæмон артистты нæмттæй, ныр та сæ "адæмон"-ы нæмттæ фæдывæр сты цæгатирыстойнаг хорзæхтæй.

"Стыр бузныг Битарты Зелимханы фырт Вячеславæн. Ӕз афтæ хъуыды кæнын, æмæ ам адæмон артисты ном кæмæн радтой, уый йæ хъуамæ райса цæгаты дæр автоматон æгъдауæй, цæгаты кæмæн ис, уымæн та йæ хъуамæ радтой хуссары, уымæн æмæ махæн Ирыстон у иу", — банысан кодта президент Бибылты Анатолий хорзæхкæныны церемонийы рæстæджы.

РХИ Адæмон артист Хаситы Вильгельм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ: Хаситы бинонтӕ - ирон сценӕйӕн Хуыцауы лӕвар

Уанеты Ӕхсар раарфæ кодта Ирыстоны дыууæ хайы сæргълæуджытæн.

"Ме 'нæниздзинад фæцудыта æмæ мæ куысты нæ уыдтæн, фæлæ мын уæддæр саргъ кодтой мæ куыстæн. Бузныг дæн президентæй, уый фæрцы ацыдтæн хоскæнынмæ. Мæхи номæй æмæ Ирыстоны адæмы номæй дæр стыр бузныг зæгъæм Битары фыртæн", — загъта Уанеты Ӕхсар.

Профцæдисты йедзаг зал сæмбæлд хорзæхтыл стыр къухæмдзæгъдимæ, уый фæстæ зал æрдомдта дыууæ адæмон артистæй зарæг сæххæст кæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0