ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Луганскы Адӕмон республикӕйы базарадон-сӕудӕджерадон палатӕтӕ бафыстой Цхинвалы бадзырд ӕмгуыстады тыххӕй, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.
Къухфыстытӕ документы бын сӕвӕрдтой дыууӕ республикӕйы базарадон-сӕудӕджерадон палатӕты президенттӕ Ӕлборты Алан ӕмӕ Анатолий Чех. Мадзалы ма хайад райстон Хуссар Ирыстон ӕмӕ Луганскы экономикон райрӕзты министртӕ Кокойты Геннадий ӕмӕ Елена Костенко.
Документы бафыст бакӕндзӕн гон фадаттӕ дыууӕ бӕстӕйы хсӕн экономикон ӕмгуыстадӕн, сӕйраджыдӕр, базайрӕгты ӕмӕ технологиты здӕхтӕн.
Елена Костенко банысан кодта бадзырд бафыссыны ахсджиагдзинад дарддӕры ӕмгуыстадӕн базарадон-экономикон фадыджы.
Афтӕ ма уый ныфс бавӕрдта, бадзырды бафыст ӕмӕ ӕндӕр рагафонон бадзырдадтӕ дыууӕ республикӕйы хсӕн кӕй сты хорз ӕмгуыстады райдайӕн.