Амард археолог, кӕцы ссардта Хуссар Иры Къуыдаргомы лӕууӕндӕттӕ

© Из личного архива В. ЛюбинаПрофессор Василий Любин
Профессор Василий Любин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Археолог Василий Любин, кӕцы банысан кодта ацы аз йӕ 100 азы юбилей, амард Санкт-Петербурджы

ЦХИНВАЛ, 14 июн — Sputnik. Археолог, Уӕрӕсейы Зонӕдты Академийы материалон культурӕйы Институты палеолиты хайады сӕйраг зонадон кусӕг-консультант Василий Любин амард цыппӕрӕмы, 14 июны, Санкт-Петурбурджы. Уый тыххӕй хъусын кӕны портал "Бумага" ахуыргонды чызг Наталья Любинайы ныхӕстӕ.

Дом и башня в селе Ерман - Sputnik Хуссар Ирыстон
Археолог: Хуссар Иры ис бирæ æнæиртæст цыртдзæвæнтæ

Любины чызджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, археолог уыд рынчындоны, цы ран ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрлӕууыдис йӕ зӕрды куыст.

Любин уыд фыццаг археолог, кӕцы ссардта Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы лӕгӕтты рагон адӕймаджы лӕууӕндӕттӕ. Афтӕмӕй ахуыргонд нымадта ацы ссард йӕ иууыл сӕйрагдӕр профессионалон ӕнтыстыл йӕ царды. Любин ссардта лӕгӕт "Кударо I" Хуссар Ирыстоны территорийыл 1955 азы — йӕ мидӕг ын ссардтой хъӕздыг археологон ӕрмӕг, кӕцы ссис Кавказы рагон культурӕты райрӕзты концепцийы бындур.

2018 азы январы ахуыргондыл сӕххӕст 100 азы. Йӕ куыст куы фӕцис быдырон уавӕрты 2016 азы, уӕд дарддӕр дӕр куыста зонады райрӕзты нысанӕн.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0