ИКЦ ратдзысты рӕстӕгыл: Арӕзтад бабӕрӕг кодтой Хуссар Иры МХМ хистӕр ӕмӕ Уӕрӕсейы минӕвар

© Пресс-служба МВД РЮО ИКЦ ратдзысты рӕстӕгыл: Арӕзтад бабӕрӕг кодтой Хуссар Иры МХМ хистӕр ӕмӕ Уӕрӕсейы минӕвар
ИКЦ ратдзысты рӕстӕгыл: Арӕзтад бабӕрӕг кодтой Хуссар Иры МХМ хистӕр ӕмӕ Уӕрӕсейы минӕвар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны сӕйраг милиционер ӕмӕ уӕрӕсейаг минӕвар бабӕрӕг кодтой Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) иумӕйаг информацион-координацион центры арӕзтад

ЦХИНВАЛ, 25 июн — Sputnik. Чысыл згъуыдтытӕ нӕ фехалдзысты Хуссар Ирыстоны МХМ информацион-координацион центры агъуыст эксплуатацимӕ раттыны ӕмгъуыд, кӕцы аразынц Цхинвалы "Мӕскуыйаг" микрорайоны цӕгаттаг кӕроны, хъусын кӕны барадхъахъхъӕнӕн уагдоны пресс-службӕ.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
ИКЦ бӕстыхай сифтонг кӕндзысты нырыккон техникӕйӕ

Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсе 2016 азы июлы сарӕзтой иумӕйаг информацион-координацион центр. Йӕ нысаниуӕг у оперативон-ахсджиаг информацийы баивд, фыдгӕнджыты агуырды хъуыддаджы ӕххуыс.

Ивгъуыд къуыри ИКЦ агъуысты арӕзтад бабӕрӕг кодтой Хуссар Ирыстоны МХМ сӕргълӕууӕг Наниты Игорь ӕмӕ Уӕрӕсейы минӕвар Марат Кулахметов.

"Объекттӕ иууылдӕр куы федтой, уӕд арӕзтады темптӕй баззадысты райгонд, фӕлӕ дзы уӕддӕр ссардтой чысыл фиппаинӕгтӕ. Аразджытӕ ныфс бавӕрдтой, куыд нывӕндынц, афтӕ кӕй ратдзысты объект эксплуатацимӕ августы кӕрӕтты-сентябры райдайӕнты", — банысан кодтой МХМ.

© Пресс-служба МВД РЮОАрӕзтад бабӕрӕг кодтой Хуссар Иры МХМ хистӕр ӕмӕ Уӕрӕсейы минӕвар
Строительство здания ИКЦ в Цхинвале  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Арӕзтад бабӕрӕг кодтой Хуссар Иры МХМ хистӕр ӕмӕ Уӕрӕсейы минӕвар

ИКЦ кусджыты фылдӕр хай сты Хуссар Ирыстоны МХМ кусджытӕ. Иумӕйагӕй дзы кусдзӕн уагдоны 23 кусӕджы ӕмӕ сӕ авд коллегӕйы Уӕрӕсейӕ. Структурӕйы сӕргъ лӕууы РХИ МХМ минӕвар Болататы Алан.

Ног хабӕртты лентӕ
0