Зынгирвӕзт Хуссар Иры: Дзауы районы басыгъд хӕдзар

© Sputnik / Алексей Петров /  Ахизын медиабанкмæЗынгирвӕзт
Зынгирвӕзт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ бӕрӕг кӕнынц зынгирвӕзты аххосӕгтӕ, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн басыгъд Лесоры хъӕуы цӕрӕджы хӕдзар

ЦХИНВАЛ, 25 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы басыгъд сугӕй хӕдзар, кӕцыйы цард Лесоры хъӕуккаг 49-аздзыд нӕлгоймаг, хъусын кӕны къуырисӕры республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Уагдоны банысан кодтой, барадхъахъхъӕнӕг органтӕм зынгирвӕзты тыххӕй хъусинаг кӕй бацыд сабаты изӕры, цауы бынатмӕ ацыдысты МХМ оперативон кусджытӕ ӕмӕ республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) зынгвӕдисонтӕ.

"Хӕдзар ӕнӕхъӕнӕй басыгъд. Зианбаййафджытӕ дзы нӕй", — бафтыдтой МХМ.

Барадхъахъхъӕнджытӕ бӕрӕг кӕнынц зынгирвӕзты аххосӕгтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0