Авари Цхинвалы: шофыртӕй иуы аластой рынчындонмӕ

© Sputnik / Диана КозаеваАвари Цхинвалы
Авари Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕндагон-транспортон цау (ФТЦ) ӕрцыд къуырисӕры райсомӕй Сталины ӕмӕ Гаглойты Хазбийы уынджы алвӕндагыл

ЦХИНВАЛ, 25 июн — Sputnik. Иу адӕймаджы аластой рынчындонмӕ ФТЦ-йы фӕстиуӕгӕн Цхинвалы, кӕцы ӕрцыд къуырисӕры райсом Хуссар Ирыстоны столицӕйы, фехъусын кодтой республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) Паддзахадон автоинспекцийы.

Авари ӕрцыд Сталины уынгыл: хӕдтулгӕ ВАЗ-2114-йыл сӕмбӕлд хӕдтулгӕ ВАЗ-2107, кӕцы фӕнд кодта базилын Гаглойты Хазбийы уынгӕй.

"Хӕдтулгӕ ВАЗ-2114-ы шофыры аластой республикон соматикон рынчындонмӕ сӕры цӕфимӕ", — радзырдтой Паддзахадон автоинспекцийы.

Уагдоны банысан кодтой, дыууӕ шофыр дӕр кӕй уыдысты ӕрвонг.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0