Цӕгат Иры ирон театр фӕстаг хӕрзбон зӕгъдзӕн Багаты Георгийӕн

Рафыссын
Сценӕмӕкӕсджыты уарзондӕр актертӕй иу Багаты Георгий йæ цардæй ахицæн 47-аздзыдæй уæззау низы фæстæ

ЦХИНВАЛ, 27 июн — Sputnik. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Багаты Георгийæн хæрзбон зæгъынмæ Цхинвалмæ ацæудзæн Тӕбӕхсауты Владимиры номыл Цæгат-Ирыстойнаг паддзахадон академион театры коллектив. Уый тыххӕй хъусын кӕны 15 регион.

Багаты Георгий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕмбӕлттӕ Багаты Георгийы тыххӕй: йӕ тыхтӕ иууылдӕр дӕтта сценӕйӕн

Сценӕмӕкӕсджыты уарзондӕр актертӕй иу Багаты Георгий йæ цардæй ахицæн 47-аздзыдæй уæззау низы фæстæ. Уый уыд ирон театралон аивады ирддæр минæвæрттæй. Багаты Георгийæн хæрзбон зæгъдзысты æртыццæджы Хуссар Ирыстоны.

"Багаты Георгийы студентæй базыдтон, "Щепкæ"-йы ма куы ахуыр кодта, уæд. Тыхджын артист уыд. Фарон фестиваль "Сцена без границ"-ы федтам хуссарирыстойнаг театры "Тугӕйдзаг чындзӕхсӕв", ахæм фæлгонц дзы сарæзта, æмæ мæ дисы бафтыдта, уый фæстæ йын хицæнæй бузныг загътон. Стыр зиан ныл æрцыд", — загъта ирон театры аивадон разамонæг Колыты Владислав.

Багаты Герогийы канд Хуссары нæ уарзтой, фæлæ Цæгат Ирыстоны дæр. Дзæуджыхъæуы йын фестиваль "Сцена без границ"-ы кæронбæттæны бæрæгбонон церемонийы лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисты ном.

Георгий йе ‘мкусджытӕ ӕмӕ ӕмбӕлтты зæрдæты баззайдзæн курдиатджын, ирд актер æмæ хорз хӕларӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0