Мамиты Олегы бинонтӕн балӕвар кодтой фатер Дзӕуджыхъӕуы

© Сайт главы РСО-Алания Мамиты Олегы бинонтӕн балӕвар кодтой фатер Дзӕуджыхъӕуы
Мамиты Олегы бинонтӕн балӕвар кодтой фатер Дзӕуджыхъӕуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Битарты Вячеслав банысан кодта, республикӕйы къухдариуӕгад кӕй у цӕттӕ хӕсты амӕттаджы бинонтӕн ӕххуыс кӕнынмӕ

ЦХИНВАЛ, 27 июн — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав радта ног фатер батальон "Пятнашка"-йы командир Мамиты Олегы бинонтӕн, хъусын кӕны республикӕйы сӕргълӕууӕг ӕмӕ хицауады пресс-службӕ.

Донецкаг Адӕмон республикӕйы хӕдӕфсады командир Мамиты Олег, йӕ сидӕн "Мамай", райста уӕззау цӕфтӕ ӕмӕ фӕмард украинӕйаг ӕфсӕдты ӕхстыты фӕстиуӕгӕн Авдеевкайы районы.

Дзӕуджыхъӕуы бакодтой мемориалон фӕйнӕг Мамиты Олегӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзӕуджыхъӕуы бакодтой мемориалон фӕйнӕг Мамиты Олегӕн

"Цӕгат Ирыстон фесӕфта аккаг хъӕбулы, фыды, ӕмбалы. Олегӕн баззад сывӕллӕттӕ. Ӕмӕ йӕ бинонты хъысмӕт нӕй гӕнӕн рараст кӕнын никӕцы хорзӕхтӕй. Фӕлӕ республикӕйы къухдариуӕгад цӕттӕ у ӕххуыс кӕнын Мамиты Олегы бинонтӕн. Абон мах дӕттӕм Олегы хистӕр лӕппуйӕн ног фатеры дӕгъӕлтӕ", — загъта Битарты Вячеслав.

Уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, цӕрӕнуат нӕ балхӕдтой бюджетон фӕрӕзтӕй.

Мамиты Олегыл цыд 41 азы. Уый райгуырд Цӕгат Ирыстоны, хайад иста Хуссар Ирыстоны хӕсты. Донбассмӕ ацыд 2014 азы. Ацы бонты Донецкаг Адӕмон республикӕйы президент Александр Захарченко рахаста уынаффӕ, цӕмӕй Мамиты Олегӕн радтой ДАР хъайтары ном. Олегӕн баззад бинойнаг ӕмӕ дыууӕ фырты.

Ног хабӕртты лентӕ
0