Цхинвалы фехстой горӕты ӕвзонг цӕрӕджы

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæПистолет
Пистолет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуыцаубоны изӕры фӕцӕфуавӕджы аластой республикон соматикон рынчындонмӕ

ЦХИНВАЛ, 23 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны тыхон структурӕтӕ бӕрӕг кӕнынц зынгӕхсгӕ цӕфы ӕууӕлтӕ, кӕцы хуыцаубоны изӕры райста Цхинвалы 24-аздзыд цӕрӕг, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Автовокзал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы центры ӕрцыд хӕцӕнгарзӕй кӕрӕдзи ӕхст

Уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, ӕвзонг лӕппуйы дысон 22:35 сахатыл ӕрбаластой республикон соматикон рынчындонмӕ, цы ран йын сӕвӕрдтой диагноз: зынгӕхсгӕ цӕф.

Рынчындонмӕ ацыд МХМ оперативон-фӕдагуырды къорд ӕмӕ Генералон прокуратурӕйы фӕдагурӕг.

"Республикон соматикон рынчындонмӕ куы ӕрцыдыстӕм, уӕд сбӕрӕг кодтам зианбаййафӕджы гоймаг, уый разынд Цхинвалы 24-аздзыд цӕрӕг", — банысан кодтой МХМ.

Барадхъахъхъӕнджытӕ дарддӕр дӕр бӕрӕг кӕнынц цауы ӕууӕлтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0