Гасситы Мурæты менеджер: бæрæг нæу, кæд уыдзæн цæттæ тохмæ боксер

© Sputnik / Наталья АйриянМурат Гассиев
Мурат Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гасситы Мурæты хъæуы рæстæг, цæмæй сфидар кæна йæ æнæниздзинад WBSS финалмæ цæттæ кæныны рæстæджы цы травмæтæ райста, уыдон фæстæ

ЦХИНВАЛ, 23 июл — Sputnik. Уæрæсейаг боксер Гасситы Мурæт хъуамæ рацæуа æнæниздзинад æндидзын кæныны процесс украинайаг боксер Александр Усикимæ тохмæ цæттæгæнæн периоды цы травмæтæ райста, уыдон фæстæ, фыссы РИА Новости спортсмены менеджер Алексей Васильевы ныхæстæ.

Гассиев-Усик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы-Усик: WBSS равдыста промо-фильм финалон тохмӕ

IBF æмæ WBA верситæм гæсгæ дунейы чемпион Гасситы Мурæт фæхæрд ис Мæскуыйы боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы финалы украинайаг боксер Александр Усикæн. Йæ ныхмæлæууæг ссис дунейы абсолютон чемпион фыццаг стыр уæзы æмæ райста WBSS сӕйраг приз — Мохаммед Алийы кубок ӕмӕ 10 милуан доллары.

"Мурæт æздæхы хæдзармæ. Æз афтæ хъуыды кæнын, иу къуыри кæндзæн улæфгæ, йæ тыхтæ фидар кæндзæн, йæ бинонты фендзæн æмæ æрмæст уый фæстæ араздзæн дарддæры нывæзт. Нырма фидарæй нæ зонæм цас рæстæг йæ бахъæудзæн, цæмæй сцæттæ уа тох кæнынмæ", — загъта Васильев.

Уый ма бафтыдта, нырма кæй нæ хъуыды кæнынц Усикимæ реваншыл.

"Нырма реваншыл нæ хъуыды кæнæм. Нæй нын æндæр тохты нывæзт дæр. Еныр хъуыдытæ баст сты æрмæстдæр улæфтимæ", — загъта уый.

WBSS-ы финалон хыл Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усикы ʻхсӕн ацыд Мӕскуыйы спортивон комплекс "Олимпийский"-йы 21 июлы.

Ног хабӕртты лентӕ
0