Президент: журналисттӕ хӕссынц бӕрн сӕ алкӕцы ныммыхуыргонд дзырдыл дӕр

© Архивное фотоПервая осетинская газета "Ирон газет"
Первая осетинская газета Ирон газет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент банысан кодта ДИФ минӕвӕртты ахсджиагдзинад ӕхсӕнадон цæстæнгасы арӕзтады

ЦХИНВАЛ, 23 июл — Sputnik. Хуссарирыстойнаг республикӕйы сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий раарфӕ кодта дзыллон информацион фӕрӕзты (ДИФ) кусджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн ӕмӕ банысан кодта ДИФ минӕвӕртты ахсджиагдзинад ӕхсӕнадон, политикон, культурон ӕмӕ социалон царды, хъусын кӕны президенты пресс-службӕ.

Газет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Паддзахад æххуыс кæндзæн ирон æвзагыл дзурæг ДИФ-тæн

"Дзыллон информацион фӕрӕзты минӕвӕрттӕ, журналисттӕ, сымах ӕххӕст кӕнут ӕмбӕстӕгты гом ӕмӕ объективон информаци райсыны барад, аразут ӕхсӕнадон хъуыды ӕмӕ хъахъхъӕнут уӕ кӕсджыты интерестӕ", — дзырдӕуы Бибылты Анатолийы арфӕйы.

Афтӕ ма президент бахахх кодта, зӕгъгӕ, журналисттӕ хӕссынц бӕрн сӕ алкӕцы ныммыхуыргонд ныхасыл дӕр.

"Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй журналисттӕ уой объективон, ӕмӕ архайой адӕмы цард фӕхуыздӕр кӕныныл", — бафтыдта Бибылты Анатолий.

Хуссар Ирыстоны дзыллон информацион фӕрӕзты кусджыты бон нысан кӕнынц ӕрвылаз 23 июлы, 1996 азӕй фӕстӕмӕ. Ацы бон 1906 азы Дзӕуджыхъӕуы рацыд фыццаг газет ирон ӕвзагыл "Ирон газет".

Ног хабӕртты лентӕ
0