Гасситы Мурӕты менеджер: Мурӕт ӕрбаздӕхдзӕн, ӕмӕ уый уыдзӕн бынтон ӕндӕр адӕймаг

© Sputnik / Евгения Новоженина /  Ахизын медиабанкмæБоксер Мурат Гассиев (Россия) во время открытой тренировки участников финала Всемирной боксерской суперсерии в Москве.
Боксер Мурат Гассиев (Россия) во время открытой тренировки участников финала Всемирной боксерской суперсерии в Москве. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг боксеры командӕ райста царды тынг ахсджиаг фӕлтӕрддзинад, загъта йӕ хъуыды Васильев Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усикы тохы тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 24 июл — Sputnik. Уӕрӕсейаг боксер Гасситы Мурӕты менеджер Александр Васильев загъта бузныг фанаттӕн ӕмӕ Боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы организатортӕн цауы тыххӕй, кӕцы сарӕзтӕуыд бӕрзонд ӕмвӕзадыл.

Мурат Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурæты менеджер: бæрæг нæу, кæд уыдзæн цæттæ тохмæ боксер

Сабаты, 21 июлы, Гасситы Мурӕт фембылд Александр Усикӕн WBSS-йы финалы, кӕцы ссис дунейы абсолютон чемпион фыццаг уӕззау категорийы ӕмӕ райста Мохаммед Алийы кубок. Тох ацыд Мӕскуыйы спорты галуан "Олимпийский"-йы.

"Тох фӕци, ӕмӕ кӕд нырма дӕр фембылдыл зӕрдӕ риссы, уӕддӕр мӕ фӕнды зӕгъын бузныг ацы егъау цауы организатортӕн ӕмӕ турниры хайадисджытӕн: Гуревичteam, Уӕрӕсейы боксы федераци, Урал Бокс Промоушен, Александр Усикы командӕ, Комосӕн ӕмӕ кӕсджытӕн!!! Зындзинӕдтӕ уыд, фӕлӕ уӕддӕр тох сӕххӕст ис, рамбылдта тыхджындӕр, мах та райстам тынг ахсджиаг урок", — ныффыста Васильев социалон хызӕг Facebook-ы.

Бой М. Гассиева и Ю. Дортикоса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕт ӕрдзырдта Усикимӕ Мӕскуыйы тохы хорз ӕмӕ ӕвзӕр фарсытыл

Уый ма баххах кодта, зӕгъгӕ, сӕрыстыр у йӕ бӕстӕйӕ, ахӕм егъау боксерон цаутӕ йӕ бон уадзын кӕй у, уый тыххӕй.

"Мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, куы федтон фанатты, кӕцытӕ нӕ дих кодтой боксерты ӕмӕ хӕцыдысты раст спорты сӕрыл. Уӕрӕсе ӕмӕ Украинӕ сты ӕфсымӕрон бӕстӕтӕ. Ӕз амондджын дӕн, уый тыххӕй ӕмӕ нӕм ис боксертӕ, кӕцытӕ рӕстдзинад ӕмӕ ӕргомзӕрдӕйӕ аразынц стыр хъуыддӕгтӕ. Тых ис рӕстдзинады", — банысан кодта Васильев.

Уый фидарӕй загъта, "Мурӕт кӕй ӕрбаздӕхдзӕн, ӕмӕ кӕй уыдзӕн бынтон ӕндӕр адӕймаг! Зындзинӕдтӕ адӕймаджы фидар кӕнынц".

Ног хабӕртты лентӕ
0