Хӕхтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц: "Аполлон" гом кӕны ног сезон

© Sputnik / Александра АлбороваЮбилейный поход клуба "Аполлон"
Юбилейный поход клуба Аполлон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Студентон клубы хайадисджытӕ цыппар бонмӕ ацӕудзысты Тлигоммӕ

ЦХИНВАЛ, 23 июл — Sputnik, Уалыты Диана. Студентон клуб "Аполлон" йӕ фыццаг бирӕбонон балцы ацы аз ацӕудзӕн цыппӕрӕмы, сӕ къорды уыдзӕн 26 адӕймаджы, фехъусын кодта Sputnik клубы президент Тедеты Салима. 

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, сӕ балцы рӕстӕджы Тлигоммӕ, къорд бацӕудзӕн Хъӕдысӕр ӕмӕ Бадзыгат хъӕутӕм, афтӕ ма Мӕнгӕфцӕджы хохы бынмӕ дӕр.

Аполлон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Балц, куыд фæразондзинады æвзарæн: "Аполлон" байгом кодта сезон

"Фыццаг балц махӕн никуы вӕййы хӕрдмӕцыдимӕ, уый тыххӕй ӕмӕ клубы ног хайадисджытӕ нырма хъуамӕ базонгӕ уой кӕрӕдзиимӕ ӕмӕ "Аполлон"-ы хъуыдыимӕ. Тлигоммӕ мах сфӕнд кодта ацӕуын, цӕмӕй хуыздӕр базонӕм нӕ истори ӕмӕ культурӕ, фенӕм бынӕттӕ, цы ран цардысты нӕ фыдӕлтӕ", — банысан кодта Тедеты Салима.

Уый ма банысан кодта, зӕгъгӕ, ацы аз нывӕндынц дыууӕ хӕрдмӕцыд, фӕлӕ маршрутттӕ нырма нӕ равзӕрстой.

Студентон клуб "Аполлон" сарӕзта 1972 азы 1 марты историкон зонӕдты кандидат Саулохты Тамара. Ӕрвылаз дӕр клубмӕ ӕрбацӕуынц ног хайадисджытӕ, кӕцытӕ нӕ уадзынц фехалын бирӕазон традици.

Ног хабӕртты лентӕ
0