ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik, Козаты Диана. Столицӕйы хицауад фӕнд кӕны ауадзын мониторинг Цхинвалы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты лифттӕн, радзырдта Sputnik горӕты мэрийы цӕрӕнуат-эксплуатацион къамисы хистӕр Хъуылымбегты Роберт.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныртӕккӕ цӕгатирыстойнаг специалисттӕ нӕуӕг кӕнынц лифттӕ Харебаты Исахъы уынджы хӕдзары.
"Махмӕ ӕрдзырдтой ацы хӕдзары цӕрджытӕ. Бирӕ ацӕргӕ адӕмӕн, кӕцытӕ цӕрынц уым, бирӕ ӕзты сӕ бон нӕ уыд ӕрхизын уӕллаг уӕладзыгтӕй. Мах ӕрдзырдтам президентмӕ, цӕмӕй нын рахицӕн кӕна фӕрӕзтӕ президенты фондӕй", — радзырдта Хъуылымбегты Роберт.
Афтӕ ма Хъуылымбегты Роберт радзырдта, зӕгъгӕ, Харебаты Исахъы уынгыл куыстыты фӕстӕ цӕгатирыстойнаг специалисттӕ сӕ коллегатимӕ Цхинвалы мэрийӕ ауадздзысты лифтты мониторинг, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн аскъуыддзаг кӕндзысты, сцалцӕг кӕнын сӕ хъӕуы ӕви баивын.
"Гӕнӕн ис ӕмӕ хӕсты рӕстӕджы лифтты шахтӕтӕ фезмӕлыдысты. Алцыдӕр хъӕуы басгарын, цӕмӕй нӕм уа хъӕугӕ информаци", — загъта цӕрӕнуат-эксплуатацион къамисы хистӕр.
Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, Цхинвалы ныртӕккӕ кусы 15 лифт, ноджы ма дзы уыййас сараздзысты.