Хуссар Иры ветерантӕ ӕмӕ инвалидтӕ райстой балцӕгтӕ "Тамиск"-мӕ

© Курорты ОсетииСАНАТОРИЙ "ТАМИСК"
САНАТОРИЙ ТАМИСК - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ветерантӕ ӕмӕ инвалидты къорд хуссарирыстойнаг республикӕйӕ ацыд санаторон-курортон хос кӕнынмӕ Цӕгат Ирыстонмӕ

ЦХИНВАЛ, 27 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрад ветерантӕ ӕмӕ инвалидты социалон куысты фӕлгӕтты арвыста хос кӕнынмӕ улӕфӕндон "Тамиск"-мӕ пациентты къорд, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Нагутни - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нагутнийы "Ныфс" хоны фæхуыздæргонд улæфæндонмæ

Улӕфӕндоны республикӕйы цӕрджытӕ хос кӕндзысты нервты системӕ, буары, гинекологон ӕмӕ ӕндӕр низтӕн, бафтыдтой Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады.

Улӕфджыты фыццаг къорд Хуссар Ирыстонӕй ацыд "Тамиск"-мӕ ацы аз июлы райдайӕны – уӕд лӕвар балцӕгтӕ министрадӕй райстой 15 адӕймаджы.

Улӕфӕндон "Тамиск" ис хӕххон цӕугӕдон Ӕрыдоны донбыл. Пациенттӕн улӕфӕндоны хос кӕндзысты Тамискы минералон-хомӕг базӕйӕ архайгӕйӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0