Хъайтары уынг: Табуты Родионы 20-азон цард йе ʻввахс адæмы мысинæгты

© Sputnik / бинонты архивӕйТабуты Родион йӕ ӕмгар Тедеты Гивиимӕ
Табуты Родион йӕ ӕмгар Тедеты Гивиимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Йе ‘мтохгæнджытæ Родионы бахъуыды кодтой физикон æгъдауæй тынг тыхджынӕй æмæ райгуырæн бæстæйы патриотæй, кæцыйы Хуыцау Ирыстонæн радта æгъатыр цыбыр æмгъуыдмæ

ЦХИНВАЛ, 6 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны 1989-1992 æзты Фыдыбæстæйон хæсты хъайтар Табуты Родион (Радик) йæ 20 азы юбилеймæ нæ фæцард дыууæ мæйы. Йæ кармæ æнæкæсгæйæ бæрнджын, тыхджын, бæрзонд æмæ хъаруджын лæппуйы фæтары кодта 1992 азы тугамæст сæрды æбуалгъ æхсæвтӕй иу. Сидзæр æмæ хасты хуызæн аззад йæ фæстæ "Фаллаг фарс", цы ран уый рæзт ӕмӕ хъомыл кодта, йæ ныййарæжы та бакодта æнусон фыдохы ныр 26 азы дæргъы.

"Тугамæст сæрд" æви рæстæгмæ уæлахиз уæззау аргъæй

1992 азы сæрдыгон период Хуссар Ирыстоны ног историйы журналисттæ схуыдтой "Тугамæст сæрд", июнь та сæрды сау мæй. 1992 азы Ирыстоны ӕмӕ йӕ адӕмы хъысмæт скъуыддзаггæнæг уынаффæтæ æмæ уæззау трагедитæ кæрæдзи ивтой.

Майы 20-ӕм боны Ирыстон баййæфта уæззау зиан — гуырдзиаг неформалтӕ ныццагътой Зары фæндагыл лигъдæтты, 29-ӕм боны ист æрцыд нæ историйы иууыл ахсджиагдæр документ — Хуссар Иры хæдбардзинады акт. 1992 азы июны райдайæны Гуырдзыстон æрбабырста республикӕмӕ, знаг бацахста ТЭК, уырдыгæй та горæт зынд армы тъæпæнау. Интенсивон æхст цыд горæтмæ. Цхинвалы хъахъхъæнджытæ уæд суынаффæ кодтой ссæрибар кæнын ТЭК знагæй.

© Sputnik / бинонты архивӕй къамТабуты Родионы къам
Табуты Родионы къам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Табуты Родионы къам

Ацы скъуыддзагæн уыд уæззау аргъ, уæды цауты архайджытæ æмæ историктæ та иу хъуыдыйыл хæст не сты — хъуыд ацы операци æви нæ цы зиæнттæ ахаста, уый аргъæй.

"Ссæрибар кодтам ТЭК, фæлæ нын йæ бахъахъхъæныны фадæттæ нæ уыд, ницы нæм уыд техникæйæ. Нырма йын кæронмæ не ʻсаргъ кодтой, уый бæрц зиæнттӕ хъуыд æрхæссын уыцы операцийы тыххæй æви нæ", — радзырдта Орден Уацамонгæйы кавалерты цæдисы хистæр, 90-æм æзты "Фаллаг фарс"-ы къорды разамонæг, 2004-2008 азты хъахъхъӕнынады министрады 5-æм батальоны командæгæнæг Бестауты Тамаз.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыцы тохы сӕхи иттӕг хорз равдыстой республикӕйы фӕсивӕд, уыдонимӕ Табуты Радик дӕр, кӕцы фӕцис мӕлӕтдзаг цӕф ацы ӕбуалгъ ӕхсӕвы.

"Уæд фыццаг чи схæцыд, уыдоныл цыд 16-19 æзтæ, уыцы фæлтæр сæхи равдыстой тынг хорз, фæлæ дзы абонмæ, хъыгагæн, ничи фæцард. Се ʻхсæн уыдысты Остъаты Алан, Табуты Радик, Козаты Андрейка. Уыдысты тынг хорз кæстæртӕ. Тыхджын физикон æгъдауæй, райгуырæн бæстæйы патриоттæ. Хуыцау сæ Ирыстонæн радта æгъатыр цыбыр æмгъуыдмæ. Цавæрдæр диссаджы гуырд уыдысты, ахæм ӕвзонг кары уыцы бæрн, зонд æмæ хъаруимæ", — мысы Бестауты Тамаз.

© Sputnik / Плиты ФатимæТабуты Родион цы хæдзары схъомыл ис, уый
Табуты Родион цы хæдзары схъомыл ис, уый  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Табуты Родион цы хæдзары схъомыл ис, уый

Уӕды командир банысан кодта, зӕгъгӕ, кӕд фӕдзурынц, ома æнæбаивгæ адæм нæй, уӕд, "мæ хъуыдымæ гæсгæ та, уыдон разындысты Ирыстонæн, нацийæн æнæбаххæстгæнгæ".

"Ныр ахæмтæ нал "уадзынц". Уыдон куы фæцардаиккой, уæд æндæр уавæр уыдаид канд хæстон хъуыддаджы нæ, фæлæ ма сабыр царды дӕр", — бахахх кодта Бестауты Тамаз.

Тамаз куыд банысан кодта, афтӕмӕй ТЭК сисыны операцийы архайдтой 40 адæймагӕй къорд, мигæнæн та сӕм уыд æрмæстдæр фондз автоматы.

"Уӕд районы лæппутæм фæсидтæн цæмæй нæм фæкастаиккой, уымæн æмæ уыдон уыдысты мигæнæнтимæ. Ӕрбацыдысты нæм Табуты Радик æмæ Уалыты Хохик. Ӕххуыс ракуырдтон ма Парпатæй дӕр, уæд уый уыд куыд сæйраг командæгæнæг, афтæ. Уый размæ куыд тох кодтой, уый нæ зонын, фæлæ уæд сæхи равдыстой хъæбатырæй. Ацы тохы фæцæф сты авдæй, се ʻхсæн Радик дæр. Махмӕ уыййас фæлтæрддзинад дæр нæ уыд æмæ нæ фæцарæхстыстæм, цæмæй сын сæ цæфтæ бабæттæм", — мысы Бестауты Тамаз.

Бинонты, æмгæртты æмæ республикæйы трагеди

Табуты Родион 1992 азы архайдта Коцты Грийы къорды Тедеты Гивийы дӕлбар дӕлкъорды. Къорд уыд куыд организацигонд структурæ, уыд сын формæ дæр.

Историон мæгуыраугъæдджын кадырты зыны, къорды лӕппутӕ Цхинвалы Театралон фæзуаты сæ зонгуытыл ирон тырысайæ ард куыд бахордтой. Кæцыдæрты уыцы сомы сæххæст кæнынæн бахъуыд сæ цард рауæлдай кæнын.

Табуты Родионы ныййарæг мад Венерайы мысинæгтæм гæсгæ, лӕппу уымæй размæ дæр райста цæфтæ, йӕ сæры цармы баззад нæмыджы схъис, хъуыд операци саразын, фæлæ хæстон лæппуйы цæст нæ уарзта йæхицæн рæстæг рахицæн кӕнын.

"Дохтыр иу мын дзырдта сисдзӕн дам схъис иу уысммӕ, лӕгъстӕ-иу кодтон Радикӕн, фӕлӕ-иу йæ дзуапп уыд — "нырма мæ не вдӕлы". Ацы бæллæх ныл куы рцыд, уæд Радик уыд Коцты Грийы къорды æмæ хæдзармæ æрбаздæхт æхсæвы радгæсадæй. Цыма йӕ хъысмӕт фӕлвӕрдта, иууыл тырныдта хæсты хъæр кæцæй цыд, уырдæм. Ӕрбабырсттӕ-иу куы фæнымӕг сты ӕмӕ иу-мидӕггагон æнæуаг митӕй йӕ зӕрдӕ куы сцъӕх, уӕд иу дзырдта — "ӕддӕмӕ дӕр нал акӕсдзӕн", фӕлӕ та-иу гӕрах куы райхъуыст, уӕд та-иу ӕй цӕст нал уардта. Иу дзырдӕй, цыма йӕ мӕлӕт агуырдта", — дзуры мад.

© Sputnik / Бинонты архивТабуты Родионы къамтӕ
Табуты Родионы къамтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Табуты Родионы къамтӕ

Уыцы фыдбоны тохы дӕр ТЭКмӕ ӕххуыс куы схӕццӕ, уӕд сын Радик дзырдта, зӕгъгӕ, ӕз рог цӕф дӕн ӕмӕ уал дам уӕззӕутты ахӕссут. Уый та туг сæфта, йӕ тӕвдӕй йӕ нӕ хатыд, йӕ тыхтӕ йæ цадӕггай куыд уадзынц. Фыццаг уал ӕй сыхӕгты кӕртмæ ӕрхастой, уырдыгӕй та йӕ аскъӕфтой рынчындонмӕ. Рынчындоны ма йе ‘мгӕрттӕ бӕргӕ бырстой туг дӕттынмӕ, дуӕрттӕ дæр ныссастой, фӕлӕ Радик цæрæг нал уыд…

"Радик уыцы ӕхсӕв куы ацыд, уӕд мӕ аннӕ лӕппу афынӕй ӕмӕ йӕ нӕ базыдта. Ӕвӕццӕгӕн ма мын Хуыцау уымæй амонд радта, ӕндæра уый дӕр йӕ фӕд-фӕд цыд ӕппынӕдзух", — мысы маствӕллад мад.

Табуты Родионы мæлæты фæстæ уыцы таргеди йе ʻмгæрттæй бирæтӕ нæ ныббыхстой æмæ дарддæр дæр тырныдтой хæсты быдырмæ, цыма мӕлӕты размӕ цыдысты, уыйау.

"Радикимӕ тынг хӕлар уыдысты Уалыты Виталий, Кононыхин Григорий, уыдон тынг зынæй райстой йӕ мӕлӕт æмæ йæ фæстæ сӕхи хӕстмӕ ӕппæрстой. Ӕз афтӕ хъуыды кӕнын ӕмӕ Радик куыннӕ амардаид, уӕд ацы дыууӕ лӕппу дӕр абон цардаиккой. Уыцы бон рады иумæ лæууыдысты, Радик рацыд улӕфынмӕ æмæ стæй бамбал ис йæ районы лæппутимæ. Тохы кӕй бабын, иунӕгӕй йӕ кæй ауагътой, уый йе мбӕлттӕ сæхицæн нæ барстой", — радзырдта Радикы хæлар Люда.

Табуты Родионы уынг

Хуссар Иры столицæйы цæугæдон Леуахийы скæсæн хайæн адæмы ʻхсæн æрфидар ис Фаллаг фарсы ном. Ам, горæты аннæ хаймӕ абаргӕйӕ, чысл рохуатдæр, æнæркастдæр сты уынгтæ. Сæ фылдæры нӕмттæ раивтой 90-æм æзты Фыдыбæстæйон хæсты фæстӕ. Табуты Родион цы уынгыл схъомыл ис — Дачная, уый ныр хæссы йæ ном.

© Sputnik / Плиты ФатимæТабуты Родионы уынг
Табуты Родионы уынг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Табуты Родионы уынг

"Уынгæн Радикы ном раттыны хъæппæрис равдыстой горæты хицæуттæ, уынджы цæрджытæ дæр хатыдысты ацы хъуыддаджы тыххӕй æмæ йын 1992 азы радтой мӕ хъӕбулы ном. Нӕ районы сабидоны разамынад дӕр архайдта, цæмæй сабидон дæр хæсса Радикы ном, фæлæ уый цæмæдæр гӕсгӕ нæ рауад", — радзырдта хъайтары ныййарæг Венера.

Уынгæн йæ кæроны ис 26-ӕм хæдзар, уым схъомыл ис хъайтар. Табуты Родионы цард цыд хуымæтæг уавӕрты — сабидон, скъола, спорт æмæ бæллицтæ. Райдианы ничи рагзагъд кодта, лæппуйæ кӕй рацæудзæн Ирыстоны хъайтар. Скъолайы фæстæ ацахуыр кодта профтехахуыргӕнӕндоны, цыбыр рæстæджы акуыста Текстилон фабрикæйы, уый фæстæ бацыд ахурымæ ХИПИ-мæ.

"Мæ дыууæ фырт дæр ацы уынгыл схъомыл сты. Æвзæр сывæллæттæй нæ хъомыл кодтой, ахуыр кодтой 2-æм скъолайы æмæ æмрæстæджы цыдысты уæгъдибар хъæбысхæстмæ дæр. Ацы спорты Радик не ʻрфидар, фæлæ мæ аннæ лæппуйы къухы бантыст хорз æнтыстытæ, бацыд спорты мастеры онг", — зæгъы сӕ мад Венера.

Рох нывондтæ хæстæн

Абон Хуссар Ир цæры дунейы аннæ бæстæты æнгæс, цæрджыты проблемæтæ дæр сты иннӕ адӕмы проблемӕты хуызæн. Агрессийы тас куы фæтары, уæд рох кæнын райдыдтой, Ирыстоны сабырдзинад бирæтæ кӕй бахъахъхъæдтой сæ царды аргъæй. Æмæ уынгты ног нæмттыл бирæтæ былысчъилтæ кæнынц. Хистæр кары адæм сæ арæх нырма дæр фæхонынц зæронд нӕмттӕй. Зынгхуыст хъайтарты ныййарджытӕн ацы хъуыддаг сӕ маст сног кӕны, се ‘дзард хъӕбулты нывондтӕ сӕм фӕкӕсынц бынтон ӕнӕхъуаджыйаг.

"Мӕнӕн мӕ цард аскъуыд мӕ хъӕбулимӕ 1992 азы фӕндзӕм июны. Нал мын чындзӕхсӕф ис, нал бӕрӕгбон. Æз ницы домын мӕ фыртӕн. Мӕхи хизын ахӕм хъуыддагӕй, кӕцы йӕ зӕрдӕмӕ нæ фӕцыдаид. Уый мӕ уаргъ æмæ мæ трагеди у æмæ йæ цӕрӕнбонтӕм хӕсдзӕн. Алкӕмӕн дӕр йӕ сывӕллон хъӕбул уыд, алкӕй мӕлӕт дӕр бӕллӕх у, фӕлӕ сӕ иу номхыгъдмæ хӕссӕн нӕй, хӕцгӕ-хæцын чи фӕрӕмад ӕмӕ дзӕгъӕл нӕмыг кæуыл сæмбӕлд, уыдоны. Ӕппӕт ныййарджыты номӕй, лӕгъстӕ кӕнын, цы фӕрыстыстӕм, уымӕй дарддӕр нын нӕ мастыл цӕхх ма кӕнӕт — цы уынгтӕ сын радтой, уыдон сӕ номӕй хонӕт", — куры Радикы мад Венерӕ.

© Sputnik / Плиты ФатимæТабуты Родионы ныййарæг Венера
Табуты Родионы ныййарæг Венера  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Табуты Родионы ныййарæг Венера

Табуты Родионы йæ амæлæты фæстæ хицæн периодты схорзæхджын кодтой дыууæ иугъуызон майдантæй, хицæн президентты къухфысттимæ. 2008 азы хæсты фæстæ бæрзонд паддзахадон хорзæхтæ куы уæрстой, кæмæн æмбæлгæ, кæмæн зонгæты фæрцы, уæд 1990 æзты тохгæнджыты куыддæр æрбайрох кодтой.

"Мӕ хъӕбул уыд ӕцӕг ирон лӕппу, уарзта Ирыстон ӕмӕ йӕ адӕмы. Сӕхи-иу чи бааууон кодта, уыдон-иу ын дӕнцӕгӕн хастон, бирӕтӕ карӕй уымӕй уыдысты хистӕр. Ӕмӕ-иу мæ фарста — "мæ уый дӕр лӕг у?". Ныр ӕз 26 азы йӕ ӕмыр ингӕнмӕ цæуын æмæ йæ фӕрсын: "чи у йеныр лӕг? Фӕлтау, хъайтар нӕ, удӕгас мын куы уыдаис, мӕ лӕппу", — йӕ цӕстытӕ сӕрфы мад…

Ног хабӕртты лентӕ
0