Хуссар Иры парламенты спикер "Хӕлардзинады маякты" тыххӕй: диссаджы проект

© Пресс-служба парламента РЮОВстреча спикера парламента Южной Осетии с участниками проекта "Маяки дружбы. Россия сближает"
Встреча спикера парламента Южной Осетии с участниками проекта Маяки дружбы. Россия сближает - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Проект ӕрӕмбырд кодта Чуваши, Тӕтӕрстан, Мӕскуы ӕмӕ Хуссар Ирыстоны фӕсивӕды

ЦХИНВАЛ, 7 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Гасситы Петр фембӕлд студентон къорд "Кунаки Южная Осетия — Итиль"-ы активисттимӕ, кӕцытӕ ӕрцыдысты республикӕмӕ культурон-историкон проект "Хӕлардзинады маяктӕ. Уӕрӕсе хӕстӕг кӕны"-йы фӕлгӕтты. Фембӕлды уыдысты проекты Хуссарирыстойнаг хайадисджытӕ дӕр.

Чуваши, Тӕтӕрстан ӕмӕ Мӕскуыйы фӕсивӕд ӕрцыдысты республикӕмӕ проект "Хӕлардзинады маяктӕ"-йы автор Руслан Гусаровимӕ, кӕцы бирӕ ӕзты дзырдта Хуссар Ирыстоны хабӕртты тыххӕй, 2008 азы дӕр.

"Диссаджы проект у ӕмӕ йӕ сӕйраг нысан у, цӕмӕй бирӕ регионты фӕсивӕд зонгӕ кӕной сӕ ӕмгӕрттимӕ. Уый у хорз фадат, цӕмӕй ног адӕм базонай, базонгӕ уай сӕ культурӕ ӕмӕ традицитимӕ. Афтӕмӕй мах халӕм Кавказы тыххӕй стереотиптӕ", — загъта фембӕлды рӕстӕджы Гасситы Петр.

© Пресс-служба парламента РЮОГасситы Петр фембӕлд студентон къорд "Кунаки Южная Осетия — Итиль"-ы активисттимӕ
Встреча спикера парламента Южной Осетии с участниками проекта Маяки дружбы. Россия сближает - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Петр фембӕлд студентон къорд "Кунаки Южная Осетия — Итиль"-ы активисттимӕ

Руслан Гусаров загъта бузныг спикерӕн хорз райсты тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны адӕм сӕм дарынц хорз ахаст.

Участники Маяки дружбы: впечатлены красотой и гостеприимством - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕххуыс, хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстад: "Хӕлардзинады маяктӕ" Хуссар Иры

"Мах ӕрмӕст куыд уазджытӕ, афтӕ нӕ ӕрцыдыстӕм, фӕлӕ ма нӕ фӕнды саразын исты пайдаджын ӕмӕ фӕфылдӕр кӕнӕм культурӕйы цыртдзӕвӕнтӕм хъусдард. Афтӕ фӕзынд проект "Хӕлардзинады маяктӕ" ӕмӕ фыццаг этапы маяктӕ уыдысты Кавказы мӕсгуытӕ", — загъта проекты автор.

Уый банысан кодта, Хуссар Ирыстон кӕй ссис проекты традицион регион. Гусаров радзырдта, фыццаг базӕйон проект кӕй хуынд "Хӕлардзинады маяктӕ. Кавказы мӕсгуытӕ", ацы азӕй фӕстӕмӕ та проект ауӕрӕх ис ӕмӕ райста ног ном "Хӕлардзинады маяктӕ. Уӕрӕсе хӕстӕг кӕны", уымӕ ма баиу уыдзӕн этап "Волга — река кооперации".

Ног хабӕртты лентӕ
0