Цхинвалы расидтысты æбæрæг сæфт адæмы агуырды кампани

© Sputnik / Ирина Геращенко /  Ахизын медиабанкмæАвтомобили Международного Комитета Красного Креста
Автомобили Международного Комитета Красного Креста - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Информацион кампани уадзы Ӕхсæнадæмон сырх дзуары комитеты цхинвайлаг мисси, уыдон парахат кæнынц флаертæ æбæрæг сæфт адæмы хъысмæт раиртасыны сидтимæ æхсæнадон бынæтты

ЦХИНВАЛ, 14 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ӕхсæнадæмон сырх дзуары комитеты цхинвайлаг мисси расидт информацион кампани 1989 —2008 азы гуырдзиаг-ирон хъаугъайы рæстæджы æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæт рабæрæг кæныны фæдыл. Миссийы кусджытæ сидынц, æнæном ингæнты тыххæй бæрæггæнæты тыххæй фехъусын кæнын, фехъусын кодта Sputnik миссийы пресс-секретарь Тедеты Марина.

Сырх Дзуар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сырх Дзуар баззайдзӕн Хуссар Ирыстоны ноджы иу аз

1989 —2008 азы гуырдзиаг-ирон хъаугъайы рæстæджы æбæрæг сæфтыл нымад цæуы 170 адмæймаджы бæрц. Хуссар Иры æмбæстæгæй ныртæккæ æбæрæгæй сæфтыл нымад сты сæдæйæ фылдæр.

"Адæймаджы барты фæдыл президенты æххæстбарджын минæваримæ иумæ мах расидтыстæм информацион кампани æбæрæгæй сæфт адæмы хъысмæт раиртасыны фæдыл. Кæд искæмæ ис зонæтæ сæ хъысмæты фæдыл, науæд та зонынц æнæном ингæнтæ, уæд сæм хатæм, цæмæй сæ æрбавдисой махмæ", — загъта Тедеты Марина.

Ӕбæрæгæй фесæфæг адæмы хъысмæт сбæлвырд кæныны нысанæн фембæлд - Sputnik Хуссар Ирыстон
СДӔК ауадздзæн скъæхтытæ æбæрæгæй фесæфджыты хъысмæт сбæлвырд кæныны нысанæн

Уый ма банысан кодта, информаци æрбадæттæджы ном нæ раргом кæндзысты. Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй ӕбӕрӕгӕй чи фесæфт, уыдон хъысмæты тыххæй исты бӕрӕггӕнӕнтӕ базоныны фӕдыл куыст райдыдта 2010 азы ӔСДК дæлбар Координацион механизмты сарæзтæй. Эксперттæ уæд куыд рабæрæг кодтой, афтӕмӕй æртæ хуссарирыстойнаг æмбæстаджы — Хуыгаты Алан, Хацырты Алан æмæ Плиты Солтан — 2008 азы адавды фæстæ цавæрдæр рæстæг уыдысты гуырдзиаг тыхон структурæты къухты, фæлæ сæ дарддæры хъысмæт у æбæрæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0