Президентæн радтой хыгъд, кæд уыдзæн ифтонг Цхинвал иууылдæр ног интернетæй

© Пресс-служба президента РЮОПредседатель комитета связи и массовых коммуникаций Хасан Гиголаев
Председатель комитета связи и массовых коммуникаций Хасан Гиголаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бастдзинад æмæ массон коммуникациты комитеты сæрдар радзырдта интернетæй сифтонг кæныны æмгъуыд æмæ цифрæйон телеуынынадмæ рахизыныл

ЦХИНВАЛ, 14 авг — Sputnik. Хуссар Иры сæйраг сахар кабелон интернетмæ ракæныны фæдыл кустытæ фæуыд кæнынц, фехъусын кодта Бастдзинад æмæ массон коммуникациты комитеты сæрдар Джиголаты Хасан. Уый тыххæй радзырдта йæ фембæлды рæстæджы президент Бибылты Анатолийимæ фембæлды рæстæджы, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

Рука с пультом напротив телевизора - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир хизы цифрæйон телефидиуæнмæ

"Интернеты хызæг ауадзыны фæдыл куыстытæ столицæйы бахæццæ сты кæронмæ, йæ гъæд у хорз. Октябры бавналдзыстæм районты кусынмæ, интернет бацæудзæн Дзау æмæ Цхинвалы районтæм, радон аз та Ленингоры районы ацæудзысты куыстытæ", — банысан кодта Джиголаты Хасан

Фембæлды рæстæджы ма дзырд цыд Паддзахадон телеуынынад цифрæмæ ракæныныл. Бæрзæнд "Паук"-ыл уæвæг вышкæйы фæрцы æппæт Цхинвалы æмæ Цхинвалы районы стыр хайы скуыста цифрæйон телеуынынад.

Радон базæйон станц фадат ратдзæн цифрæйон тыгъдадмæ бакæнын Ленингор æмæ йæ алыварс хъæутæ, стæй ма дæрддзæф хъæу Цъинагар дæр.

"Куыстыты радон этап ацæудзæн 2019 азы, уæд арæзт æрцæудзысты цыппар базæйон станц Къуаисайы, Знауры районы, Теделеты хъæуы, афтæ ма ногæй арæзт æрцæудзæн "Паук", — загъта Джиголаты Хасан.

Цифрæйон телеуынынадмæ рахизыны куыстытæ балхынцъ уыдзысты 2022 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0