Дзауы Интернат æмæ Галуан скусдзысты ног уавæрты

© Sputnik / Пресс-служба Дзауского районаДзауы районы скъола-интернаты бæстыхай
Дзауы районы скъола-интернаты бæстыхай - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уымæй дарддæр ма, Дзауы районы æппæт скъолатæ фæндзæм сентябрьмæ рцæудзысты цалцæг

ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Дзауы скъола-интернат æмæ  районы Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан капиталон цалцæджы фæстæ райсдзысты ахуырдзауты, фехъусын кодтой Sputnik районы пресс-службæйы.

Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан ног бæстыхайы мидæг кусдзæн Музыкалон скъола æмæ библиотекæ, нырмæ уыдон архайдтой вагæтты. Дзауы скъола-интернат бахъыгдард æрцыд 2014 азы зынгирвæзты.

© Sputnik / Пресс-служба Дзауского района Дзауы районы сывæллæтты сфæлдыстадон галуан
 Дзауы районы сывæллæтты сфæлдыстадон галуан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзауы районы сывæллæтты сфæлдыстадон галуан

"Ног ахуыры азы райдайæнмæ æрбакæндзысты ног цалцæггонд Дзауы скъола-интернат. Куыстытæ тагъд темпытæй цæуынц Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны дæр. Уый арæзтадмæ бавнæлдтой ивгъуыд аз, фæлæ фæстæдæр куыстытæ æрурæдтой раст экспертиза йын кæй нæ уыд, уый аххосæй. Ныридæгæн æппæт цæлхдуртæ иуварс æрцыдысты æмæ уый дæр æрбакæндзысты сентябры", — загъта пресс-секретарь Тедеты Лиана.

Уымæй дарддæр ма, Дзауы районы æппæт скъолатæ фæндзæм сентябрьмæ æрæцæудзысты цалцæг.

2018 азы æппæт ахуырадон уагдæттæ сæ куыст райдайдзысты 5-æм сентябрæй — ахуыры азы райдайæн фæфæстæдæр кодтой Беслæны 2004 азы æрцæугæ трагедийы тыххæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0