ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik, Уалыты Диана. Хуссар Ирыстоны столицæйы Киноконцертон зал "Чермен"-ы ацыд хæрзаудæн концерт 11-аздзыд Дзæгъиаты Миланайæн баххуыс кæныны фæлгæтты, кæцы рынчын у онкологийæ. Мадзалы архайдтой Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны зарæггæнджытæ, кæцытæ сразы сты акцийы архайын æнæаргъæй.
Хæрзаудæн концерты зарæггæнджытæ дзырдтой чызгæн æнæниздзинады арфæтæ æмæ йын хæлар кодтой сæ зарджытæ. Президент Бибылты Анатолий та бузныг загъта организатортæ æмæ концертмæ æрбацæуджытæн.
"Хъыгагæн ис залы афтид бынæттæ дæр. Бирæтæ æгъгъæдыл банымадтой æрмæст билет балхæнын, фæлæ бинонтæн хъæуы сæ фарсмæ балæууын, канд фæрæзтæй нæ. Мах чызгæн хъуамæ баххуыс кæнæнæм иумæ – уым ис нæ тых", — загъта президент.
Организатортæй иу, Тыбылты Алан радзырдта, билеттæ иууылдæр кæй ʻрцыдысты уæй, цæй фæрцы æрæмбырд кодтой 160 мин сомы.
Ныр дыккаг мæй Хуссар Иры цæуынц хæрзаудæн акцитæ Дзæгъиаты Миланайæн Израилы схос кæнынæн фæрæзтæ æрæмбырд кæныны нысанæн. Йæ операци лæууы 3 милуан сомы.