ЦХИНВАЛ, 20 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны дарддӕр цӕуы диспансеризаци цӕрджытӕн ӕмӕ хуыцаубоны Федералон медико-биологон агентады (ФМБА) медицинон къорд райдыдта республикӕйы административон районты цӕрджыты медицинон басгӕрст. Уый тыххӕй хъусын кӕны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрады пресс-службӕ.
19-21 августы басгардзысты Знауыры районы цӕрджыты — нывӕндынц фенын 1400 адӕймаджы.
"Бынӕттон цӕрджыты ӕнӕниздзинад басгардзысты нарӕг профилы специалисттӕ — терапевт, невролог, кардиолог, хирург, гинеколог, офтальмолог, оториноларинголог, уролог, эндокринолог. Цӕрджытӕ рацӕудзысты лабораторон иртасӕн, флюорографи, маммографи, ЭКГ", — банысан кодта Хуссар Ирыстоны диспансеризаци сорганизаци кӕныны кусӕгон къорды разамонӕг Цъӕриттаты Инна.
![Диспансеризация в Знаурском районе РЮО Диспансеризация в Знаурском районе РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон](https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/697/08/6970870_0:0:1028:768_600x0_80_0_0_23c85dd4f3efe83233c03427923adda8.jpg)
Афтӕ ма уый банысан кодта, зӕгъгӕ, районы администраци рахицӕн кодта ӕртӕ автобусы цӕрӕг пункттӕм цӕуынмӕ ӕмӕ пациентты хъӕутӕй централон районон рынчындонмӕ ласыны тыххӕй.