00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
3 Мин
Утро на Спутнике
08:03
27 Мин
Утро на Спутнике
08:34
25 Мин
09:03
32 Мин
Главные темы
09:35
3 Мин
Главные темы
13:00
60 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

"К-9": Цхинвалы ацæудзæн профессионалон тохты изæр

© Sputnik / Наталья АйриянРукопашный бой
Рукопашный бой - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тохты архайдзысты Уæрæсейы "К-9" федерацийы профессионалон лигæйы спортсментæ æмæ Хуссар Ирыстоны тыхон структурæты минæвæрттæ дыууæйæ

ЦХИНВАЛ, 21 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы æрдыгæй банымадыл дæс азы сæххæсты цытæн Цхинвалы ацæудзæн æхсæнадæмон турнир Ӕмхæццæ æмтохæдтæй "К-9", фехъусын кодта Sputnik Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты сæрдар Зассеты Сергей.

Ӕмхæццæ æмтохæдты турнир "К-9" аразы Хуссар Иры Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты æмæ Уæрæсейы тыхон структурæты цæттæгæнæн федераци "К-9".

"Тохты архайдзысты Уæрæсейы "К-9"-ы федерацийы профессионалон лигæйы спортсментæ æмæ Хуссар Ирыстоны тыхон структурæты минæвæрттæ дыууæйæ. Аст тох ацæудзæн турниры фæлгæтты, фарастæм фембæлды архайджытæ та тох кæндзысты Хуссар Иры президенты Кубокыл", — загъта Зассеты Сергей.

Уый ма радзырдта, Уæрæсейы "К-9" федерацийæн ис стыр фæлтæрддзинад ахæм турниры ауадзыны хъуыддаджы, "уыдон фæаразынц Беслæны теракты амæттæгты номарæн  турниртæ".

Ирыстоны æмбырдгонд рамбылдта æхсæз сыгъзæрин майданы æмбуар хæстæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстоны æмбырдгонд рамбылдта æхсæз сыгъзæрин майданы æмбуар хæстæй

Уæрæсейы тыхон структурæты цæттæгæнæн федераци "К-9"-ы уæнгтæ фыццаг хатт Хуссар Ирмæ æрцыдысты 2006 азы зонгæкæнæн балцы. Ацы аз сеʻ рцыды рæстæджы уыдон фембæлдысты президент Бибылты Анатолимæ дæр.

Мадзал арæзт цæуы Хуссар Ир æмæ УФ-йы ʻхсæн ахастытæ фенгом кæныны нысанæн æмæ тыхон структурæты имидж фæбæрзонддæр кæныны нысанæн. Фембæлдтæ цæудзысты 2 раундтæй, фæйнæ 5 минуты. Титулон фембæлдтæ та цæудзысты 3 раундтæй, алкæцы дæр фæйнæ 5 минут.

Ерыстæ цæудзысты Цхинвалы спорты галуан "Олимп"-ы, 26 августы.

Ног хабӕртты лентӕ
0