ХИ ӕмӕ УФ хъахъхъӕнынады министртӕ бафыстой бадзырд УФ ХМ скъолаты ахуыры фӕдыл

© Министерство обороны РЮОГассеев и Шойгу подписали соглашение об обучении детей из РЮО в образовательных учреждениях МО РФ
Гассеев и Шойгу подписали соглашение об обучении детей из РЮО в образовательных учреждениях МО РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг сывӕллӕты УФ Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон скъолаты ахуыры фадаты фӕдыл хъӕппӕрис рахаста хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим

ЦХИНВАЛ, 22 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕнахъом ӕмбӕстӕгтӕ ахуыр кӕндзысты Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрады ахуыргӕнӕндӕтты. Ӕхсӕнхицауадон бадзырд бафыстой Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынадон уагдӕтты сӕргълӕуджытӕ Сергей Шойгу ӕмӕ Гассеты Ибрагим, хъусын кӕны республикӕйы хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.

Уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, документ дӕтты Хуссар Ирыстоны сывӕллӕттӕн фадат ахуыр кӕнын Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрады ахуыргӕнӕндӕтты.

"Уӕрӕсейы Федерацийы хъахъхъӕнынады министрады ахуыргӕнӕндӕтты ӕхсӕн сты кадеттон ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕттӕ, скъолатӕ, Суворовы номыл ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕттӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ", — радзырдтой пресс-службӕ.

Управление и Генштаб МО РЮО передислоцированы в новое здание - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ХМ управлени æмæ Генштаб рацыдысты ног бæстыхаймæ

Амӕйразмӕ ахӕм хъӕппӕрисимӕ ралӕууыд Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим йӕ уӕрӕсейаг коллегӕ Сергей Шойгуимӕ фембӕлды рӕстӕджы 2017 азы, хъахъхъӕнынады уагдӕтты сӕргълӕуджытӕ куы бафыстой бадзырд хуссарирыстойнаг ӕфсады хицӕн хайадты Уӕрӕсейы ӕфсады скондмӕ бахизӕны тыххӕй, уӕд.

Уӕрӕсейаг хъахъхъӕнынадон уагдоны сӕргълӕууӕджы зӕрдӕмӕ фӕцыд ацы хъӕппӕрис, ӕмӕ ацы аз июлы Уӕрӕсейы хицауад рахаста уынаффӕ бафыссын бадзырд.

Ног хабӕртты лентӕ
0