ЦХИНВАЛ, 24 авг — Sputnik. Республикӕйы ахуыргӕнӕндӕттӕ цӕттӕ сты ног ахуырадон азмӕ, афтӕ ма фӕфылдӕр ис ахуыргӕнинӕгты нымӕц дӕр, фехъусын кодта республикӕйы ахуырад ӕмӕ зонады министры хӕдивӕг Лолаты Аслан хицауады сӕрдар Пухаты Эрикӕн. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы хицауады пресс-службӕ.
"Республикӕйы кӕронмӕ бахӕццӕ сты ног ахуырадон азмӕ ахуыргӕнӕндӕтты цӕттӕкӕнынады мадзӕлттӕ. Ацы аз фыццаг къласмӕ бацӕудзысты 833 ахуыргӕнинаджы, уый у фылдӕр фарон азмӕ абаргӕйӕ. Иумӕйагӕй республикӕйы скъолаты 1-11 къласты ахуыр кӕнынц 6610 сывӕллоны, ӕмӕ уый цалдӕр сӕдӕ у фылдӕр 2015 азмӕ абаргӕйӕ", — радӕтта Лолаты Асланы ныхӕстӕ хицауады пресс-службӕ.
Министры хӕдивӕг бахахх кодта, алы къласы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр кӕй сты ифтонг чингуытӕй ӕмӕ бафтыдта, зӕгъгӕ, Цхинвалы ӕмӕ республикӕйы районты скъолаты кӕй ауагътой алыгъуызон цалцӕггӕнӕн куыстытӕ.
Ахуырадон аз Хуссар Ирыстоны скъолаты райдайдзӕн 5 сентябры. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бафыста указ, цӕмӕй ахӕссой ахуырын азы райдайӕны датӕ Бесланы трагедийы тыххӕй.