Сирийы минӕвар хайад райсдзӕн Хуссар Иры банымады юбилейы бӕрӕгбоны

© Сайт главы РСО-Алания Встреча главы Северной Осетии с послом Сирии в России
Встреча главы Северной Осетии с послом Сирии в России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дипломат Хуссар Ирыстонмӕ фӕндагыл ӕрлӕууыд Дзӕуджыхъӕуы, цы ран ӕй райста Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг

ЦХИНВАЛ, 24 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Сирийы ӕхсӕн бадзырдтӕ, кӕцытӕ бафыстой президент Бибылты Анатолийы балцы рӕстӕджы Сиримӕ, уыдзысты дыууӕ бӕстӕйы ӕхсӕн ахастыты фидӕны бындур, фехъусын кодта сириаг минӕвар Уӕрӕсейы Рияд Хаддад.

Южная Осетия и Сирия заключили Договор о дружбе и сотрудничестве - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Сири бафыстой ӕмгуыстад ӕмӕ хӕлардзинады фӕдыл бадзырд

Дипломат йӕ бинойнагимӕ хайад райсдзӕн Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымадыл 10 азы сӕххӕсты бӕрӕгбоны. Хуссар Ирыстонмӕ фӕндагыл Хаддад ӕрлӕууыд Дзӕуджыхъӕуы, цы ран ӕй райста Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) пресс-службӕ. Афтӕ ма фембӕлды хайад райста РХИ ФХМ сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий дӕр.

Битарты Вячеслав раарфӕ кодта ахсджиаг уазӕгӕн ӕмӕ, сӕйраджыдӕр, загъта бузныг Ирыстоны адӕмы номӕй Сирийы къухдариуӕгадӕн Паддзахад Аланийы хӕдбардзинад банымайыны тыххӕй.

"Минӕвар загъта бузныг Битарты Вячеславӕн райсты тыххӕй ӕмӕ бахахх кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымад у Сирийы къухдариуӕгады ӕмбаргӕ къахдзӕф", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг банысан кодта, республикӕ, куыд Сири кӕй у бирӕнационалон регион, цы ран сабырдзинады цӕрынц 99 нациты минӕвӕрттӕ. Битарты Вячеслав бахахх кодта, зӕгъгӕ, ирӕтты егъау диаспорӕ XIX ӕнусӕй фӕстӕмӕ ис Дамаскы ӕмӕ республикӕйӕн семӕ ис бастдзинӕдтӕ.

Битарты Вячеслав, баныфсӕвӕрдта, Сирийы тагъд рӕстӕджы кӕй уыдзӕн сабырдзинад хӕсты фӕстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0