Цхинвалы цӕрӕг амардта йӕхи

© Sputnik / Михаил ХасиевЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Нӕлгоймаджы мард ссардтой йӕ хӕдзары столицӕйы горӕтгӕрон – тыхмарды миниуджытӕ буарыл не ссардӕуыд

ЦХИНВАЛ, 31 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕрӕг цыппӕрӕмы, 30 августы, амардта йӕхи йӕ хӕдзары Цхинвалы районы Мамысанты хъӕуы, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

скорая помощь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны хъæутæй иуы цæрæг амардта йæхи

Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайадмӕ цауы тыххӕй информаци куы ӕрбацыд, уӕд цауы бынатмӕ уайтагъд ацыдысты республикӕйы оперативон-сгарӕн къорд ӕмӕ генералон прокуратурӕйы фӕдагурджытӕ.

Цхинвалы 37-аздзыд цӕрӕджы мӕрдон буары басгӕрсты рӕстӕджы не ссардӕуыд тыхмарды миниуджытӕ, банысан кодтой уагдоны хъусинаджы.

Басгӕрст уадзы Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайад.

Ног хабӕртты лентӕ
0