ЦХИНВАЛ, 6 сен — Sputnik, Козаты Диана. Ӕртӕ зынгфӕдисон хӕдтулгӕйы бахъуыд, цӕмӕй аиуварс кӕной хус кӕрдӕджы зынгирвӕзт Цхинвалы ТЭК-ы районы, загътой Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕйы.
Зынгирвӕзт ӕрцыд цыппӕрӕмы бонӕй Паддзахадон автоинспекцийы посты цур, кӕцы ис Цхинвалы сӕрмӕ.
"Арт ӕввахс бацыд ЗАО "Остелеком"-ы базӕйон станцмӕ. Фӕлӕ зынгфӕдисонтӕ рӕстӕгыл ӕрбацыдысты, арт ницы зиан ӕрхаста базӕйон станцӕн", — радзырдтой уагдоны.
УУМ банысан кодтой, зӕгъгӕ, зынгирвӕзты фӕзуат уыд 500 квадратон метрӕй фылдӕр.
Ноджы ма иу зынгфӕдисон хӕдтулгӕ ацыд микрорайон "Шанхай"-мӕ зынгирвӕзты бынатмӕ, цы ран ссыгъд кӕрдӕг сабидоны цур. Зынгфӕдисонтӕ уайтагъд сӕххӕст кодтой сӕ хӕслӕвӕрд.