Ирон боксертӕ рамбылдтой сӕ тохтӕ Дзӕуджыхъӕуы

© 15-Й РЕГИОНОсетинские спортсмены успешно выступили на международном турнире по боксу
Осетинские спортсмены успешно выступили на международном турнире по боксу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Aryana Box" турнир сӕххӕст ис Цӕгат Ирыстоны столицӕйы ӕртыццӕджы, цы ран хайад райстой спортсментӕ авд бӕстӕйӕ

ЦХИНВАЛ, 13 сен — Sputnik. Ирон боксертӕ — Тадтаты Сӕрмӕт, Моурауты Хетӕг, Хуыгаты Алан ӕмӕ Чилӕхсаты Таир — рамбылдтой сӕ тохтӕ профессионалон боксы турниры рӕстӕджы Дзӕуджыхъӕуы, хъусын кӕны 15-ӕм регион.

Козаты Асланбег - Sputnik Хуссар Ирыстон
Диссаджы уӕлахиз: Козаты Аслан фембӕлд Грозныйы Мӕскуыйаг ныхмӕлӕууӕгимӕ

"Aryana Box" турнир сӕххӕст ис Цӕгат Ирыстоны столицӕйы ӕртыццӕджы, цы ран хайад райстой 18 спортсмены авд бӕстӕйӕ — Уӕрӕсе, Китай, Гуырдзыстон, Камерун, Украина, Азербайджан ӕмӕ Иран. Кӕсджытӕ федтой фараст ирд тохы авд уӕзы категорийы.

Тадтаты Сӕрмӕт (72,5 кг) рамбылдта техникон нокаутӕй уӕрӕсейаг Замир Зекашевы. Моурауты Хетӕг нокаутӕй фыццаг раунды рамбылдта Оливер Мекондойы Камерунӕй. Моурауты Хетӕгӕн уый уыд дыккаг тох, дыууӕты дӕр рамбылдта.

Афтӕ ма тӕрхонгӕнджыты уынаффӕйӕ рамбылдта Хуыгаты Алан дӕр.

Турниры сӕйраг тохы Чилӕхсаты Таир ӕмӕ украинаг Игорь Пилипенкойы ӕхсӕн дыккаг раунды техникон нокаутӕй рамбылдта ирон спортсмен.

Тохы фӕстӕ Чилӕхсаты Таирӕн раарфӕ кодтой Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ӕмӕ дунейы раздӕры чемпион боксӕй Гасситы Мурӕт, кӕцытӕ уыдысты турниры сӕрмагонд уазджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0