Хуссар Иры минæвæрттæ архайынц фестиваль "Мир Кавказу"-йы

© Sputnik / Наталья АйриянФестиваль
Фестиваль - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Кавказы уæрæх музыкалон мадзалы Хуссар Иры культурæ равдисдзысты кафт, зард æмæ адæмон инструменттыл цагъдæй

ЦХИНВАЛ, 18 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны ирон национ инструментты ансамбль "Сæрмæттæ", музыканттæ æмæ кафджытæ хайад исынц ХIX-æм æхсæнадæмон аивæдты фестиваль "Мир Кавказу"-йы, хъусын кæны РХИ Культурæйы министрады пресс-службæ.

Анасмбль Кафт в Болгарии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг "Кафт" райста Болгарийы Ӕхсӕнадӕмон фестивалы гран-при

Форум райдыдта 17 сентябры Цæцæны сæйраг горæт Грозныйы. 18 сентябры Гала-концерты ансамбль "Сæрмæттæ" сæххæст кæндзæн "хонгæ" æмæ "зилгæ" кæфтытæ. Иу бон фæстæдæр та æппæт сфæлдыстадон къорд архайдзæн концерты.

"ХIX-æм æхсæнадæмон аивæдты фестиваль "Мир Кавказу"-мæ Хуссар Ирæй ацыд Ӕлборты Феликсы номыл музыкалон ахуыргæнæндоны рагон национ инструментты ансамбль "Сармæттæ", вокалист Сланты Ацæмæз, концертмейстер Гæджиты Жанна, Галаты Борисы номыл кафты ансамбль "Симд"-ы солисттæ Санахъоты Инал æмæ Хуыгаты Олеся", — дзырдæуы хъусинаджы.

Хуссар Ирыстоны делегаци ацыд культурæйы министрады аивады хайады хистæр Ӕлборты Фатимæйы сæргълæудæй.

Фестивалы Хуссар Иры минæвæрттæ архайынц æрвылаз дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0